Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 1:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уыцы рӕстӕг Ксерксмӕ персайнаг ӕмӕ мидиаг авд ӕлдары — Каршена, Шетар, Адмата, Таршиш, Мерес, Марсена, Мемухан — уӕлдай нымад уыдысты, йӕхимӕ сӕ ӕрбаввахс кодта. Паддзахы размӕ сын ӕнӕкъуылымпыйӕ фӕндаг уыди, паддзахады фыццаг лӕгтӕ уыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 1:14
6 Iomraidhean Croise  

Сахары чи уыд, уыдонӕй ма ноджыдӕр ӕрцахсын кодта иудейаг паддзахӕн йе ’фсады хицауы, йӕ лӕггадгӕнджытӕй фондзы, ӕфсады сӕйраг нымӕрдары, ӕфсады рӕнхъытӕм адӕмы исын кӕй бӕрны уыд, уый, стӕй ӕртиссӕдз бӕрнон лӕджы,


Уымӕн ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ авд уынаффӕгӕнӕджы дӕу Иудей ӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрвитынц, дӕ къухы чи ис, дӕ Хуыцауы уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕм ӕркӕсынмӕ;


«Уӕдӕ паддзах Ксерксы фӕндон кӕй ницӕмӕ ’рдардта, уый тыххӕй уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цы гӕнгӕ у ӕхсин-паддзах Ваштийӕн?»


Ноджы ма сахарӕй ракодта ӕфсӕддон хицауы, паддзахы фӕсдзӕуинтӕй сахары чи баззад, уыцы авд лӕджы ӕмӕ, бӕстӕйы цӕрджыты ӕфсадмӕ чи фыста, уыцы нымӕрдары, стӕй ма, бӕстӕйы адӕмӕй сахары кӕй ссардта, уыцы ӕхсай лӕджы.


Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иуыл дӕр ӕнӕввӕрсон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.


Йӕ цӕсгом Ын фендзысты, ӕмӕ Йӕ ном фыст уыдзӕни сӕ тӕрныхтыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan