Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 1:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ксерксы заманы уыди уый, йӕ паддзахад — сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы — Индийӕ Эфиопимӕ кӕмӕн ӕххӕссыд, уыцы Ксерксы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 1:1
10 Iomraidhean Croise  

Ксеркс куы сси паддзах, уӕд та цъыфкалӕнтӕ фӕфыстой Иудейы ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытыл.


Паддзах Ксеркс снысан кодта ног хъалон — денджызгӕрон зӕххытӕн дӕр ӕмӕ иннӕ зӕххытӕн дӕр.


Паддзах йӕ бӕстӕйы алы рӕтты снысан кӕнӕд, йӕ зӕрдӕ кӕуыл дары, ахӕм адӕймӕгты. Уыдон Шушанмӕ, сылгоймӕгты хатӕнмӕ, ӕрхондзысты ӕппӕты рӕсугъддӕр чызджыты. Паддзахы сылдоны хицау Хегайы бӕрны сӕ бакӕндзысты, цӕмӕй алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕй сӕхимӕ базилой.


Уыйадыл ӕртыккаг мӕйы, сиваны, дыууын ӕртыккӕгӕм бон паддзахы нымӕрдартӕ ныффыстой ног уынаффӕ, Мардохей куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕппӕт иудейӕгтӕм, стӕй, паддзахады цы сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы ис — Индийӕ Эфиопийы онг, уыдоны хицӕуттӕ, бардартӕ ӕмӕ сӕргълӕуджытӕм ӕй фӕхӕццӕ кодтой: алы ранмӕ дӕр сӕхирдыгонау фыстӕй, алы адӕммӕ — сӕхи ’взагыл, иудейӕгтӕм дӕр афтӕ — сӕхирдыгонау фыстӕй, сӕхи ’взагыл.


Додой йӕ къона, йӕ базырты дыв-дыв кӕмӕн цӕуы, Эфиопийы цӕугӕдӕтты фале цы бӕстӕ ӕрбынат кодта, уымӕн!


Санхерибмӕ фӕхабар чындӕуыд, Эфиопийы паддзах Тирхака йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацыди, зӕгъгӕ. Иудейаг паддзах уый куы фехъуыста, уӕд иудейаг паддзах Езекиамӕ минӕвӕрттӕ арвыста,


Ныр дын ӕз базонын кӕндзынӕн, ӕнӕмӕнг цы ’рцӕудзӕни, уыдӕттӕ. Персы ма ноджы ӕртӕ паддзахы фӕзындзӕн, сӕ фӕстӕ та — цыппӕрӕм паддзах. Уый, йӕ размӕ цы паддзӕхтӕ уыди, уыдонӕй хъӕздыгдӕр уыдзӕн. Йӕ хъӕздыгдзинады фӕрцы схъомысджын уыдзӕн ӕмӕ йе ’ппӕт тыхтӕ Бердзены паддзахады ныхмӕ сараздзӕн.


Дарий йӕ паддзахад ӕхсӕзыссӕдз лӕджы бар бакодта


Халдейӕгты паддзах сси мидиаг Ксерксы фырт Дарий. Ӕз, Даниил, йӕ паддзахиуӕджы фыццаг аз сагъӕсы бацыдтӕн, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайӕн Сыгъдӕг Фысты цы раргом кодта, уый фӕдыл. Куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй Йерусалимы сахар дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы хъуамӕ гӕныстонӕй лӕууыдаид.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan