Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 9:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Ӕмӕ загътон: куырыхондзинад хъаруйӕ хуыздӕр у, фӕлӕ мӕгуыр лӕджы куырыхон зонд нымады дӕр никӕмӕ у, йӕ ныхӕстӕм ын ничи хъусы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Ӕмӕ загътон: куырыхондзинад хъаруйӕ хуыздӕр у, фӕлӕ мӕгуыр лӕджы куырыхон зонд нымады дӕр никӕмӕ у, йӕ ныхӕстӕм ын ничи хъусы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 9:16
13 Iomraidhean Croise  

Хъӕздыгӕн йӕ исбон — фидар мӕсыг, мӕгуыр лӕгӕн йӕ мӕгуырдзинад — йе сӕфт.


Куырыхон бӕгъатырты сахар басӕтдзӕн, сӕ зӕрдӕ цы фидарыл дарынц, уый сын ныззыгуым кӕндзӕн.


Куырыхон — тыхджын, бирӕзонаг — хъомысджын.


Уынаффӕ ӕмӕ ӕнтыст мӕнмӕ сты; ӕз зонд дӕн, ӕмӕ хъару мемӕ ис.


Кӕд дӕ фӕрӕт ныкъкъуымых ис, уӕд дӕ фылдӕр тых бахъӕудзӕн, цӕмӕй дӕ куыст кӕронмӕ фӕуай. Цӕмӕй дӕ куыстӕн исты фӕстиуӕг разына, уый тыххӕй куырыхон зонд хъӕуы.


Куырыхондзинад лӕджы ӕхцайау хорз хъахъхъӕны, фӕлӕ зонд хуыздӕр у, куырыхонтӕ удӕгасӕй баззайынц.


Куырыхон йӕ зонды фӕрцы сахары дӕс хицауӕй тыхджындӕр у.


Куырыхондзинад цыфӕнды хӕцӕнгарзӕй дӕр хуыздӕр у, фӕлӕ иу лӕджы рӕдыд бирӕ хӕрзтӕ фесафы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan