Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 9:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Куырыхон зонды иу дӕнцӕг ма федтон зӕххыл, тынг ахсджиаг у, мӕнмӕ гӕсгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

13 Куырыхон зонды иу дӕнцӕг ма федтон зӕххыл, тынг ахсджиаг у, мӕнмӕ гӕсгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 9:13
9 Iomraidhean Croise  

Сылгоймаг дзыллӕйы раз ӕрлӕууыди ӕмӕ сын йӕ хъуыды загъта. Уыдон ын йӕ зондмӕ байхъуыстой, Бихрийы фырт Савейӕн йӕ сӕр акъуырдтой ӕмӕ йӕ Йоавмӕ ӕрӕппӕрстой. Уӕд Йоав сыкъауадындзӕй ныууасын кодта, ӕмӕ уыйадыл йӕ адӕм сахары разӕй сӕхи айстой ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты, Йоав йӕхӕдӕг та йӕ паддзахмӕ аздӕхт Йерусалиммӕ.


Арвы бын мӕм иу хъуыддаг ӕппындӕр раст нӕ кӕсы, адӕм ӕй арӕх ӕвзарынц:


Мӕ цыбыр царды алцыдӕр федтон: рӕстуд ӕвзӕрӕй ницы ракӕны, афтӕмӕй йӕ мӕлӕт ссары, тӕригъӕдджын та ’взӕр митӕ кӕны, афтӕмӕй йӕм бирӕ рӕстӕг мӕлӕт ӕввахс нӕ цӕуы.


Куырыхон йӕ зонды фӕрцы сахары дӕс хицауӕй тыхджындӕр у.


Ӕз архайдтон куырыхон зондмӕ баххӕссыныл, мӕн фӕндыд, зӕххыл цытӕ цӕуы, лӕгӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ хуыссӕг кӕй тыххӕй фӕлидзы, уыцы хъуыддӕгтӕ бамбарын.


Ноджы ма иу хъуыддаг федтон зӕххыл: тагъд чи згъоры, уый дугъы уӕлахиз нӕ кӕны; хӕсты, тыхджын чи у, уый нӕ рамбулы; куырыхонтӕм хойраг нӕй, зонджынтӕм — мулк; курдиат кӕмӕ ис, уымӕн аргъ ничи кӕны. Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр фадат.


Адӕймаг, йӕ царды ӕвзӕр рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕнис, уый нӕ фӕзоны. Кӕсаг ахсӕн хызы куыд бахауы, маргъ — къӕппӕджы, афтӕ адӕймаджы ӕвиппайды къӕппӕгмӕ басайынц, ӕмӕ йыл фыдбылыз ӕрцӕуы.


Иу сахары царди чысыл адӕм. Иу тыхджын паддзах сахармӕ ’рбабырста ӕмӕ йӕ алыварс ӕрхъула кодта.


Паддзах вавилойнаг куырыхонты амарын бабар кодта Ариохӕн, паддзахы хъахъхъӕнджыты хицауӕн. Даниил Ариохмӕ бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Паддзах ахӕм карз тӕрхон цӕмӕн рахаста?» Уый Даниилӕн хъуыддаг бамбарын кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan