Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 8:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Адӕймаг, фидӕны цы уыдзӕни, уый нӕ фӕзоны, стӕй йын ӕй чи радзурдзӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Адӕймаг, фидӕны цы уыдзӕни, уый нӕ фӕзоны, стӕй йын ӕй чи радзурдзӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 8:7
14 Iomraidhean Croise  

«Суанг ма ӕхсин-паддзах Естер дӕр, — дзырдта Аман, — йӕ фынгмӕ мӕн йеддӕмӕ никӕй фӕхуыдта. Райсом дӕр та йӕм паддзахимӕ хуынд дӕн.


уымӕн ӕмӕ уыдоныл ӕвиппайды фыдбылыз ӕрцӕудзӕн: цавӕр бӕллӕх сӕ баййафдзӕн, уый ничи зоны.


Райсомы бонӕй ма раппӕл, — йемӕ цы ’рхӕсдзӕн, уый нӕ зоныс.


Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны, уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн.


Ӕдылы дзурын бирӕ фӕуарзы. Адӕймаг нӕ зоны йӕ фидӕн, стӕй, йӕ фӕстӕ цы уыдзӕнис, уый дӕр. Чи йын ӕй радзура?


Ӕз бамбӕрстон: адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ хъуамӕ райа йӕ куыстӕй. Ницы ис лӕгӕн уымӕй хуыздӕр, уымӕн ӕмӕ кусынӕн райгуыры. Йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уыдон та йын чи равдисдзӕн?


Чи йӕ зоны, лӕгӕн цӕрын куыд хуыздӕр у, уый, йӕ царды цыбыр фӕндаг аууонау фӕцыдӕр вӕййы. Йӕ фӕстӕ зӕххыл цы уыдзӕнис, уыдӕттӕ йын чи радзурдзӕн?


Ӕнӕмаст куы уай, уӕд цин кӕн, фыдбылызтӕ куы ’взарай, уӕд ахъуыды кӕн: сӕ иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Хуыцау уый тыххӕй радта, цӕмӕй адӕймаг, йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уый ма зона.


Ӕз архайдтон бамбарын ӕмӕ басгарын: рӕстудтӕ ӕмӕ куырыхонтӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ дӕр сты Хуыцауы къухы; адӕймаг нӕ фӕзоны, уарзт ӕви йӕм фыдӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.


Адӕймаг, йӕ царды ӕвзӕр рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕнис, уый нӕ фӕзоны. Кӕсаг ахсӕн хызы куыд бахауы, маргъ — къӕппӕджы, афтӕ адӕймаджы ӕвиппайды къӕппӕгмӕ басайынц, ӕмӕ йыл фыдбылыз ӕрцӕуы.


Уӕдӕ сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ, ӕнхъӕл кӕд нӕ уат, уӕд ӕрцӕудзӕнис Адӕймаджы Фырт.


уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау, цы бон ӕм не ’нхъӕлмӕ кӕса, уыцы бон ӕмӕ, ӕнхъӕл кӕд нӕ уа, уыцы сахат фӕзындзӕнис,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan