Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 8:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Паддзахы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны, уый фыдбылызӕй хызт у; куырыхон, цы кӕнын хъӕуы, уый фӕзоны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Паддзахы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны, уый фыдбылызӕй хызт у; куырыхон, цы кӕнын хъӕуы, уый фӕзоны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 8:5
21 Iomraidhean Croise  

Иссахары хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди дыууӕсӕдӕ хистӕры. Уыдон зыдтой, Израилы адӕмы кӕд цы кӕнын хъуыди, уыдӕттӕ. Семӕ-иу сразы сты се ’ппӕт ӕрвадӕлтӕ дӕр.


Ӕз рагӕй цӕрын, сабыр цард ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдоны ’хсӕн.


Фӕлӕ ӕвгъӕдгӕстӕ Хуыцауӕй тарстысты ӕмӕ Мысыры паддзахы фӕдзӕхст не ’ххӕст кодтой, удӕгасӕй-иу ныууагътой ноггуырд лӕппуты.


Раст адӕймагыл фыдбылыз не ’рцӕудзӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ цард — фыдбылызтӕй йедзаг.


Зондджынӕн йӕ цӕстӕнгас — уӕлзонды ’рдӕм арӕзт, ӕдылыйы цӕстытӕ зӕххы кӕрӕттыл зилынц.


Куырыхоны зӕрдӕ раст фӕндаг равзарыныл архайы, зондцух цӕуы галиу фӕндӕгтыл.


Ныр ӕппӕт адӕттӕм куы байхъуыстай, уӕд дын мӕнӕ мӕ ныстуан: кад кӕн Хуыцауӕн ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕй ӕндӕр ницы баззайы ӕнусмӕ.


Зондджын йӕ зонды руаджы рухсы цӕуы, ӕдылы та — талынджы. Фӕлӕ уыимӕ бамбӕрстон, сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ кӕрон иу кӕй у.


Ӕз афтӕ зӕгъын: байхъус паддзахы фӕдзӕхстмӕ, афтӕмӕй Хуыцауы раз дӕ сомы сӕххӕст кӕндзынӕ.


Ссӕст у Ефрем, ӕфхӕрд баййӕфта тӕрхонӕй — гуымирыты фӕдыл адзӕгъӕл ис.


Уӕд сын загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн».


Фӕлӕ сын Петр ӕмӕ Иоанн дзуапп радтой: «Ахъуыды-ма кӕнут уӕхӕдӕг, Хуыцауы коммӕ нӕ, фӕлӕ уӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд уый Хуыцаумӕ раст фӕкӕсдзӕн?


Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дзуапп радтой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм.


Уымӕ гӕсгӕ, уый цы бон фехъуыстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ уын мах дӕр иудадзыг кувӕм ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, цӕмӕй уын Уый Йӕ фӕндон базонын кӕна, уӕлзонд ӕмӕ уын монон ӕмбарынад ратта.


Хъӕбӕр хойраг, йӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасынмӕ чи арӕхсы, уыцы хъомылты у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan