Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 8:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Ӕз архайдтон куырыхон зондмӕ баххӕссыныл, мӕн фӕндыд, зӕххыл цытӕ цӕуы, лӕгӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ хуыссӕг кӕй тыххӕй фӕлидзы, уыцы хъуыддӕгтӕ бамбарын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Ӕз архайдтон куырыхон зондмӕ баххӕссыныл, мӕн фӕндыд, зӕххыл цытӕ цӕуы, лӕгӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ хуыссӕг кӕй тыххӕй фӕлидзы, уыцы хъуыддӕгтӕ бамбарын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 8:16
11 Iomraidhean Croise  

Бон-иу ӕнтӕфӕй тыхстӕн, ӕхсӕв — уазалӕй, ӕмӕ-иу мӕ хуыссӕг фӕлыгъди.


Дӕ къухвӕллойӕ цы бакусай, уымӕй цӕрдзынӕ. Тӕхудиаг дӕ, ӕмӕ фӕрнӕйдзаг уыдзынӕ!


Ӕз сфӕнд кодтон уӕлзонды фӕрцы, дунейы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ бафӕлварын. Ацы ӕвзӕр хъуыддаг Хуыцау адӕмӕн бабар кодта, цӕмӕй тухӕн кӕной.


Арвы бын цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм лӕмбынӕг куы ’ркастӕн, уӕд бамбӕрстон: алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу.


Фӕлӕ мӕ ноджы, зонд ӕдылыдзинад ӕмӕ ӕррадзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый бӕлвырд базонын бафӕндыд. Ӕмӕ бамбӕрстон, уый дӕр та, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай кӕй нӕу.


Цалынмӕ цӕры, уӕдмӕ алцӕуыл мӕт кӕны, тыхсы, ӕхсӕвыгон дӕр хъизӕмар кӕны, фӕлӕ та уыдӕттӕн кӕрон ӕрцӕуы, алцыдӕр аивгъуыйы.


кӕмӕндӕр нӕ — ӕрдхорд, нӕ — ӕмбал, нӕ йын — фырт, нӕ — ӕфсымӕр, афтӕмӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕвӕлмӕцгӕйӕ кусы, фӕлӕ ӕфтиаджы фыдӕй, кӕм ӕрлӕууа, уый нӕ зоны. Цӕмӕн ӕмӕ кӕмӕн кусы, уый бӕрӕг нӕй. Уый дӕр та аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый дӕр!


Иу ӕнамонд хъуыддаг бафиппайдтон зӕххыл: хъӕздыг йӕ мулк йӕхи фыдбылызӕн фембырд кӕны,


Мӕ зонды фӕрцы архайдтон басгарын: зӕххыл цытӕ цӕуы, уыдон цавӕр барӕнтӕй ис абарӕн, ӕдылыдзинад цас ӕвзӕр у, ӕррадзинад цӕйбӕрц у ӕнӕзонд.


Адӕймаг, фидӕны цы уыдзӕни, уый нӕ фӕзоны, стӕй йын ӕй чи радзурдзӕн?


Ӕз хъуыды кодтон ацы дунейыл; иутӕ ам ӕдзухдӕр хицӕуттӕ сты, иннӕтӕ та сын хъуамӕ сӕхи фыдӕнӕн коммӕгӕс уой. Иу адӕймаг иннӕмӕн хицау куы свӕййы, уӕд ӕй хъизӕмарӕй фӕмары.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan