Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 8:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕз раппӕлыдтӕн цинӕй: лӕгӕн а зӕххыл нуазын, хӕрын ӕмӕ цин кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис. Йӕ куысты фӕллойӕ уыдӕттӕ спайда кӕны, цалынмӕ, Хуыцау ын йӕ зӕххон цардӕн цы ’мгъуыд скодта, уый нӕ ахицӕн ис, уӕдмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

15 Ӕз раппӕлыдтӕн цинӕй: лӕгӕн а зӕххыл нуазын, хӕрын ӕмӕ цин кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис. Йӕ куысты фӕллойӕ уыдӕттӕ спайда кӕны, цалынмӕ, Хуыцау ын йӕ зӕххон цардӕн цы ’мгъуыд скодта, уый нӕ ахицӕн ис, уӕдмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 8:15
11 Iomraidhean Croise  

Ӕз сфӕнд кодтон мӕхи бафӕлварын ирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ фарнӕй, фӕлӕ та загътон: «Уыдӕттӕн сӕ кой дӕр фесӕфдзӕн».


Цӕмӕфӕнды ма бабӕллон, мӕхицӕн «нӕ», зӕгъгӕ, никуы ницӕмӕй загътон, цин кодтон мӕ фӕллӕйттыл. Мӕ тухӕнты фӕстӕ уыцы циндзинад райстон хӕрзиуӕгӕн.


Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ цин кӕн дӕ къухты фӕллойыл — уымӕй хуыздӕр адӕймагӕн ницы ис, фӕлӕ уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.


Лӕгӕн йӕ амонд цӕй мидӕг ис, цы чысыл азтӕ рацӕры, уыдоны дӕргъы цы хъуамӕ куса, уый базонын мӕ бафӕндыд. Мӕ зонд мӕхимӕ уыд, фӕлӕ зондцухты бафӕзмын сфӕнд кодтон ӕмӕ сӕныл фӕцахуыр дӕн.


Ӕз бамбӕрстон: адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ хъуамӕ райа йӕ куыстӕй. Ницы ис лӕгӕн уымӕй хуыздӕр, уымӕн ӕмӕ кусынӕн райгуыры. Йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уыдон та йын чи равдисдзӕн?


Хуыцау искӕмӕн хъӕздыгдзинад куы ратты, йӕ къухвӕллойыл йӕ бар куы фӕцӕуы ӕмӕ йӕ зӕрдӕ цинӕй дзаг куы вӕййы, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын Хуыцау стыр лӕвар ракодта.


Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн алцыдӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы Хуыцауӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan