Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 8:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Ис зӕххыл, чи аивгъуыйы, ахӕм хъуыддаг: алцы тагъд кӕрӕдзийы ивы, раст лӕджы баййафы фыдгӕнӕджы азар, фыдгӕнӕг та, рӕстуд цӕй аккаг уыд, уый ӕвзары. Ногӕй та зӕгъын: «Алцыдӕр ивгӕ кӕны, алцыдӕр тагъд аивгъуыйы!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Ис зӕххыл, чи аивгъуыйы, ахӕм хъуыддаг: алцы тагъд кӕрӕдзийы ивы, раст лӕджы баййафы фыдгӕнӕджы азар, фыдгӕнӕг та, рӕстуд цӕй аккаг уыд, уый ӕвзары. Ногӕй та зӕгъын: «Алцыдӕр ивгӕ кӕны, алцыдӕр тагъд аивгъуыйы!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 8:14
16 Iomraidhean Croise  

Уыимӕ ницы тӕригъӕды бацыди Иов, ницы азым ӕрхаста Хуыцаумӕ.


Ӕнаккӕгтӕ зӕронды бонтӕм цӕмӕн цӕрынц, ӕмӕ сӕ хъару цӕуылнӕ сӕфы?


Уӕхӕдӕг дӕр ӕй куы уынут, уӕд ма дзӕгъӕл ныхас кӕм хъӕуы?


Ӕнусон хӕлддзӕгтӕм ӕркӕс: ныддӕрӕн кодтой знӕгтӕ Кувӕндон.


Барджынтӕ цы хъуыддӕгтӕ кӕнынц, уыдонӕй мӕм иу тынг ӕвзӕр фӕкаст:


Зондджын йӕ зонды руаджы рухсы цӕуы, ӕдылы та — талынджы. Фӕлӕ уыимӕ бамбӕрстон, сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ кӕрон иу кӕй у.


Ноджы ма федтон: адӕм кусынц ӕмӕ истӕуыл архайынц, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕй кӕнынц, уымӕн. Фӕлӕ уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


кӕмӕндӕр нӕ — ӕрдхорд, нӕ — ӕмбал, нӕ йын — фырт, нӕ — ӕфсымӕр, афтӕмӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕвӕлмӕцгӕйӕ кусы, фӕлӕ ӕфтиаджы фыдӕй, кӕм ӕрлӕууа, уый нӕ зоны. Цӕмӕн ӕмӕ кӕмӕн кусы, уый бӕрӕг нӕй. Уый дӕр та аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый дӕр!


Мӕ цыбыр царды алцыдӕр федтон: рӕстуд ӕвзӕрӕй ницы ракӕны, афтӕмӕй йӕ мӕлӕт ссары, тӕригъӕдджын та ’взӕр митӕ кӕны, афтӕмӕй йӕм бирӕ рӕстӕг мӕлӕт ӕввахс нӕ цӕуы.


О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?


Ӕмӕ ныр, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны мах амондджын хонӕм, фыдгӕнджытӕ махӕй хуыздӕр цӕрынц. Ӕмӕ, кӕд Дунедарӕджы ракъахынц, уӕддӕр сӕм фыдбылыз ӕввахс нӕ цӕуы».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan