Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 8:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Фыдгӕнджытӕн сӕ тӕрхоны заман тагъд не ’рцӕудзӕн, фыдбылызтӕ кӕнынӕй дӕр уымӕн нӕ тӕрсынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

11 Фыдгӕнджытӕн сӕ тӕрхоны заман тагъд не ’рцӕудзӕн, фыдбылызтӕ кӕнынӕй дӕр уымӕн нӕ тӕрсынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 8:11
19 Iomraidhean Croise  

Фыстӕджы фӕдзӕхста: «Тох карздӕр кӕм уа, уыцы ран сӕвӕрут Уриайы, ӕмӕ дзы уӕхӕдӕг уӕхи дарддӕр айсут, цӕмӕй фӕмард уа».


Уый сӕ хъахъхъӕны, се ’нцой лӕууы, сӕ фӕндӕгтӕй Йӕ цӕст нӕ исы.


Дунедарӕг — Йӕ уаз Кувӕндоны, Дунедарӕг — Йӕ паддзахы бадӕны уӕлӕрвты! Йӕ цӕст дары адӕммӕ, фӕлвары сӕ Йӕ цӕстӕнгас.


Уый фыдгӕнджытыл судзгӕ ’взалытӕ, сондон ӕруарын кӕндзӕн къӕвдайау, судзгӕ зилгӕ уад — сӕ хай.


Моисейы рӕзты ацыди ӕмӕ расидти: «О Дунедарӕг, Дунедарӕг, тӕригъӕдгӕнаг, хӕларзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бараг ӕмӕ иузӕрдион Хуыцау.


Фӕлӕ фараон куы федта, фыдбылызӕй фервӕзти, уый, уӕд йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ та, Дунедарӕг сын куыд дзырдта, афтӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ.


Фӕлӕ та фараон ацы хатт дӕр ныддур кодта йӕ зӕрдӕ — нӕ та ауагъта израилӕгты.


Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты.


Фыдгӕнӕгӕн йӕ фыдракӕнд барст куы ’рцӕуа, уӕд, рӕстдзинад цы у, уый нӕ базондзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ та дарддӕр кӕндзӕни фыдмитӕ, раст адӕм кӕм цӕрынц, уыцы зӕххыл, Де стырад дын ницӕмӕ ’рдардзӕн.


Афтӕ тынг кӕмӕй фӕтарстӕ, ӕмӕ Мӕныл дӕ зӕрдӕ сивай, хъуыды дӕр Мӕ мауал кӕнай? Дзӕвгар рӕстӕг дын Мӕхи кӕй нал раргом кодтон, ӕдзӕмӕй кӕй фӕлӕууыдтӕн, уый тыххӕй Мӕ нал тӕрсыс?


уӕд байхъусут, Дунедарӕг цы зӕгъы, уымӕ, Иудӕйы байзӕддӕгтӕ! Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мысырмӕ цӕуын куы сфӕнд кӕнат, куы ацӕуат ӕмӕ уым куы ’рцӕрат,


Моав йе ’взонджы бонтӕй абоны онг ӕнӕхъыгдардӕй царди, сӕн йӕ бынтыл куыд ӕрбады, уыйау. Иу ранӕй йӕ иннӕмӕ никуы сӕвгӕдтой, уацары йӕ никуы акодтой, ӕмӕ хӕрзадӕй баззад, йӕ хӕрздӕф нӕ фесӕфт.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan