Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 8:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕз федтон, фыдгӕнджыты кадимӕ куыд ныгӕдтой, уый. Адӕм куыддӕр уаз бынатӕй раздӕхынц, афтӕ фыдгӕнджытӕн, фыдбылызтӕ цы сахары арӕзтой, уым сӕ кой ферох вӕййы. Уыдӕттӕ дӕр тагъд аивгъуыйынц!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Ӕз федтон, фыдгӕнджыты кадимӕ куыд ныгӕдтой, уый. Адӕм куыддӕр уаз бынатӕй раздӕхынц, афтӕ фыдгӕнджытӕн, фыдбылызтӕ цы сахары арӕзтой, уым сӕ кой ферох вӕййы. Уыдӕттӕ дӕр тагъд аивгъуыйынц!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 8:10
14 Iomraidhean Croise  

Хъуамӕ уыдон, дымгӕ кӕй систа, уыцы хъӕмпыхалы, зилгӕ дымгӕ кӕй ахаста, уыцы цъӕмӕлты ’нгӕс уаиккой.


Рӕстуды арфӕгондӕй мысдзысты, тӕригъӕдджынӕн йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.


Кӕддӕр чи царди, уыцы фӕлтӕрты абоны фӕлтӕр нӕ хъуыды кӕны, фидӕны чи цӕрдзӕн, уыдон дӕр сӕ байзӕддагӕй ферох уыдзысты.


Ӕдылыйы дӕр ӕмӕ зондджыны дӕр ничи мысы ӕнусмӕ, фидӕны сӕ дыууӕйы дӕр ферох кӕндзысты. Уӕдӕ, цымӕ, афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ зондджын дӕр ӕдылыйау куыд ӕрбамӕлы?


Сахары иу мӕгуыр, фӕлӕ куырыхон лӕг разынд ӕмӕ йӕ куырыхон зонды фӕрцы сахар фервӕзын кодта, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ сахары хъуыдыгӕнӕг нӕ уыди.


Удӕгӕстӕ, кӕй амӕлдзысты, уый зонынц, мӕрдтӕ та ницы зонынц. Лӕг йӕ куыстӕй цы хӕрзиуӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕмӕй ницыуал райсдзысты, уымӕн ӕмӕ ферох сты.


О Дунедарӕг, Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Ды дӕ! Чи Дӕ ныууадза, уыдон иууылдӕр фӕхудинаг уыдзысты. «Йе ’ргом Мӕ чи аздӕхта, уыдон зӕххы хай бауыдзысты, уымӕн ӕмӕ ныууагътой Дунедарӕджы, цардӕгас Донгуырӕн сӕ ферох ис».


Амард мӕгуыр лӕг, ӕмӕ йӕ зӕдтӕ Авраамы хъӕбысмӕ схастой. Амард хъӕздыг лӕг дӕр, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой.


Цы мӕнгӕвдисӕнтӕ ӕрбахуыдтой, уыдон дзырдтой: «Ацы адӕймаг иудадзыг дзуры рухс Кувӕндон ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы ныхмӕ.


Мӕ рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни, чи фӕцуда, уымӕй та Ӕз райгонд нӕ уыдзынӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan