Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 7:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Мӕстыгӕр ма у, йӕ маст ӕдзух йӕ зӕрдӕйы ӕдылы хӕссы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

9 Мӕстыгӕр ма у, йӕ маст ӕдзух йӕ зӕрдӕйы ӕдылы хӕссы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 7:9
24 Iomraidhean Croise  

Каин йе ’фсымӕр Авелмӕ фӕдзырдта. Быдыры куы уыдысты, уӕд Каин йе ’фсымӕр Авелмӕ йӕ кух систа ӕмӕ йӕ амардта.


Авессалом та Амнонӕн хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы загъта, уымӕн ӕмӕ йын ӕнӕуынон сси, йӕ хо Тамары йын кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй.


Авессалом йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Уӕ хъус ӕм дарут, ӕмӕ Амнон куыддӕр сӕнӕй бахъӕлдзӕг уа, афтӕ уын зӕгъдзынӕн: „Цӕвут Амноны“, ӕмӕ-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут, ӕз уын зӕгъын афтӕ. Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ фӕстӕмӕ ма фӕлӕуут».


Фӕлӕ Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт Йехонадав загъта: «Мӕ паддзах афтӕ ма банхъӕлӕд, ӕмӕ йын йе ’ппӕт фыртты амардӕуыд. Ӕрмӕстдӕр Амнон амард. Авессаломмӕ йӕ амарыны фӕнд, йӕ хо Тамары йын куы фӕхудинаг кодта, уӕд фӕзынди.


Израилӕгтӕ дӕр загътой иудейӕгтӕн: «Махмӕ сымахӕй дӕс хатты фылдӕр бартӕ куы ис, цӕмӕй Давид мах паддзах уа; ноджы ма уӕ хистӕр ӕфсымӕртӕ дӕр куы стӕм, уӕд нӕ цӕмӕн бафхӕрдтат? Нӕ паддзахы фӕстӕмӕ раздахыны охыл дӕр фыццаг ныхас махӕй нӕ рацыди, ӕви?» Фӕлӕ дзыхӕй уӕддӕр иудейӕгтыл нӕ тых кодтой израилӕгтӕ.


Мӕстыгӕр ӕдылы митӕ бирӕ кӕны; мӕнгард лӕг адӕмӕн — ӕнӕуынон.


Фӕразон адӕймаг — стыр зонды хицау, мӕстыгӕр та йе ’дылыдзинад равдисы.


Фӕразон — хъӕбатырӕй хуыздӕр, йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый, сахартӕ чи басӕтты, уымӕй — тыхджындӕр.


Ивгъуыды цард хуыздӕр цӕмӕн уыди, зӕгъгӕ, макуы фӕрс, уый зондджын лӕджы фарст нӕу.


Уӕдӕ мын ныр, Дунедарӕг, айс мӕ уд, уымӕн ӕмӕ мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у».


Хур куы скасти, уӕд та Хуыцау рауагъта скӕсӕйнаг тӕвд дымгӕ, ӕмӕ хур Ионӕйы сӕр арауын байдыдта. Афтӕ стыхсти, ӕмӕ йӕхицӕн мӕлӕт куырдта: «Мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у».


Ӕмӕ Хуыцау Ионӕйӕн загъта: «Ау, зайӕгойы тыххӕй афтӕ маст кӕныс?» «Тынг, амӕлыны онг», — загъта уый.


Иродиадӕ йӕм уый тыххӕй мӕсты кодта, йӕ амарынмӕ бӕллыд, фӕлӕ йӕ бон ницы уыди.


Чызг рацыд ӕмӕ йӕ мады бафарста: «Цы ракурон?» Уый йын загъта: «Аргъауӕг Иоанны сӕр».


Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan