Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 7:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Искӕй ӕфхӕргӕйӕ, зондджын дӕр сӕдылы вӕййы; гӕртӕмттӕ лӕгӕн йӕ зонд сафынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Искӕй ӕфхӕргӕйӕ, зондджын дӕр сӕдылы вӕййы; гӕртӕмттӕ лӕгӕн йӕ зонд сафынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 7:7
14 Iomraidhean Croise  

Гӕртӕмттӕ ма ис. Гӕртам цӕстджыны куырм кӕны, раст ӕвдисӕнӕн йӕ хъару сӕтты.


Ӕнӕхуыцау фӕччийы бынӕй гӕртӕмттӕ исы, цӕмӕй раст тӕрхон сзыгъуыммӕ кӕна.


Гӕртам, чи йӕ дӕтты, уый цӕсты у алӕмӕты дур: кӕдӕмфӕнды ма фӕзилӕд, алы ран дӕр — пайда.


Ӕз федтон, ӕфхӕрд адӕм куыд кӕуынц, уый, ничи сын ӕххуыс кӕны, уымӕн ӕмӕ се ’фхӕрджытӕ тыхджын сты.


Бӕстӕйӕн йӕ хуыздӕр ӕфтиаг — чи йыл ауды, уыцы паддзах.


Ӕз хъуыды кодтон ацы дунейыл; иутӕ ам ӕдзухдӕр хицӕуттӕ сты, иннӕтӕ та сын хъуамӕ сӕхи фыдӕнӕн коммӕгӕс уой. Иу адӕймаг иннӕмӕн хицау куы свӕййы, уӕд ӕй хъизӕмарӕй фӕмары.


Де ’лдӕрттӕ систы ӕгъдаухалджытӕ, къӕрныхтимӕ — ӕмдзӕхдон. Уарзынц лӕвӕрттӕ, исынц гӕртӕмттӕ, сидзӕры сӕрыл нӕ хӕцынц, идӕдз усы марой сӕм нӕ хъары.


Ӕрмӕстдӕр уый бон, йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты, ӕдзух йе ’взаг рӕстдзинад кӕмӕн дзуры, мулк скӕныны охыл искӕй чи не ’фхӕры, гӕртӕмттӕ чи нӕ исы, туг ныккалыны уынаффӕтӕ чи нӕ хӕссы, хӕрам митӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты.


Галиу тӕрхон ма кӕн, хъулон мийӕ дӕхи хиз. Гӕртӕмттӕ ма ис, уымӕн ӕмӕ гӕртам куырыхоны куырм кӕны, раст лӕджы — зылын.


Фӕлӕ уыцы адӕмты ’хсӕн дӕр ӕнцой не ссардзыстут, уӕ къӕхты фӕллад дзы не суадздзыстут. Дунедарӕджы фӕндӕй уӕ зӕрдӕтыл ризӕг бахӕцдзӕн, уӕ цӕстыты цӕхӕр бамынӕг уыдзӕн, бастайдзысты уӕ удтӕ.


Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».


Ахиш йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Ацы лӕг ӕрра у, уый нӕ уынут? Цы мӕм ӕй ӕрбакодтат?


Фӕлӕ уыдон сӕ фыды фӕндагыл нӕ цыдысты: мулкӕй нӕ зыдтой ӕфсис, истой гӕртам, кодтой галиу тӕрхон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan