Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 7:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕдылыйы зарджыты бӕсты куырыхоны уайдзӕфтӕм хъус.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Ӕдылыйы зарджыты бӕсты куырыхоны уайдзӕфтӕм хъус.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 7:5
14 Iomraidhean Croise  

Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, Дунедарӕг, ӕмӕ загътон: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн, мӕ амонды хай зӕххыл!»


Зондамынд чи ницӕмӕ дары, уый йӕхи сафы, фӕлӕ фӕдзӕхстӕн аргъ чи кӕны, уый йӕ хӕрзиуӕг райсдзӕн.


Фыдуацхӕссӕгӕн — додойаг йӕ къона, иузӕрдион фӕдисон — ӕвдадзы хос.


Зондджыны уайдзӕф куыд фӕрӕхойдзӕн, афтӕ зондцухмӕ сӕдӕ цӕфы нӕ бахъардзысты.


Сыгъзӕрин хъусцӕг, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд фӕлындӕн — уыдоны ’нгӕс у куырыхоны уайдзӕф, лӕмбынӕг чи фӕхъусы, уымӕн.


Чи дӕ уарзы, уымӕн йӕ уайдзӕф дӕр — зӕрдиаг; ӕнӕуынон кӕмӕн дӕ, уымӕн та йӕ батӕ дӕр — гӕды митӕ.


Уымӕн ӕмӕ фӕдзӕхст у цырагъ, ахуырад — рухс, зондамынд — царды фӕндаг.


Ӕдзӕсгомӕн уайдзӕфтӕ ма кӕн, науӕд ын ӕнӕуынон суыдзынӕ, куырыхонӕн бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ дӕ уарздзӕн.


Куырыхонты ӕмбисӕндтӕ — фос тӕрӕджы лӕдзӕджы ӕнгӕс, хост зӕгӕлтау адӕймаджы зӕрдӕйы ахизынц. Чи сӕ фыста, уыдоны иу Фыййау рарвыста.


Зондджын сагъӕс арӕх кӕны, ӕдылыйӕн йӕ худын нӕ фенцайы.


Куырыхон лӕджы сабыр ныхасмӕ хъусын, хицау ӕдылыты ’хсӕн куыд хъӕр кӕны, уымӕ хъусынӕй хуыздӕр у.


Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan