Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 7:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Ӕрмӕстдӕр хорздзинӕдтӕ чи кӕны, тӕригъӕд ӕппындӕр чи никуы ракодта, ахӕм рӕстуд нӕй зӕххыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 Ӕрмӕстдӕр хорздзинӕдтӕ чи кӕны, тӕригъӕд ӕппындӕр чи никуы ракодта, ахӕм рӕстуд нӕй зӕххыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 7:20
16 Iomraidhean Croise  

Гӕнӕн ис, ӕмӕ Дӕ адӕм Дӕ разы фӕтӕригъӕдджын уой, уымӕн ӕмӕ ӕнӕтӕригъӕд ничи у. Ды сӕм смӕсты уыдзынӕ, фыдгулты амӕттаг сӕ бакӕндзынӕ, ӕмӕ сӕ уыдон уацары акӕндзысты дард кӕнӕ ӕввахс бӕстӕмӕ.


Дӕ адӕм Дӕ разы тӕригъӕды куы бацӕуой, уымӕн ӕмӕ, тӕригъӕд чи нӕ ракӕны, ахӕм адӕймаг нӕй, ӕмӕ сӕм Ды куы смӕсты уай, фыдгулты амӕттаг сӕ куы бакӕнай ӕмӕ сӕ уыдон уацары куы акӕной дард кӕнӕ ӕввахс бӕстӕмӕ,


Ӕз та дын уый зӕгъын, ӕмӕ раст нӕ дӕ: ӕнӕмӕнг, Хуыцау адӕймагӕй уӕлдӕр у!


Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ дарӕд Израил нырӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ мыггагмӕ!


О Дунедарӕг! Кӕмӕн у йӕ бон Дӕ Цатыры, Дӕ уаз хохыл цӕрын?


хахуыртӕ чи нӕ мысы, йӕ хӕларӕн фыдбылыз чи нӕ аразы, йӕ хионы чи нӕ фауы;


Уый у мӕ уарзӕгой Хуыцау, мӕ фидар, ме ’мбӕхсӕн, мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уарт, ӕз мӕ зӕрдӕ Ууыл дарын; мӕ адӕмы мын бакодта мӕ дӕлбар.


Кӕй бон у зӕгъын: «Мӕ зӕрдӕ сыгъдӕг у, мӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг дӕн?»


Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым.


Мах иууылдӕр фӕчъизи стӕм, чъизи дарӕсау — не ’ппӕт рӕстдзинад. Бахус стӕм сыфтӕрау, нӕ фыдракӕндтӕ нӕ сӕ уӕлныхты систой уадау ӕмӕ нӕ фӕхӕссынц.


уӕд ӕм сауджын ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд стъӕлфытӕ фӕлурс сты, уӕд буар ӕнӕуи рафаста, ахӕм рынчын сыгъдӕг у.


Уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр бацыдысты тӕригъӕды ӕмӕ Хуыцауы кадӕй ӕнӕхай фесты,


Уымӕн ӕмӕ мах не ’ппӕт дӕр арӕх тӕригъӕды бацӕуӕм. Дзыхы ныхасӕй тӕригъӕды чи нӕ цӕуы, уый у алцӕмӕй дӕр ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон у йе ’ппӕт буары рохтыл хӕцын дӕр.


Ионатан, мӕстӕй судзгӕйӕ, фынгӕй фестади; мӕйноджы дыккаг бон йӕ дзыхмӕ комдзаг нал схаста, уымӕн ӕмӕ хъынцъым кодта Давидыл, стӕй, йӕ фыд ӕй кӕй бафхӕрдта, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan