Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 4:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Лӕггад ын чи кӕндзӕн, уыцы адӕм змисӕй фылдӕр уыдзысты, фӕлӕ йын сӕ байзӕддӕгтӕ аргъ нӕ кӕндзысты. Ӕмӕ та уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты, уыдон дӕр, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Лӕггад ын чи кӕндзӕн, уыцы адӕм змисӕй фылдӕр уыдзысты, фӕлӕ йын сӕ байзӕддӕгтӕ аргъ нӕ кӕндзысты. Ӕмӕ та уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты, уыдон дӕр, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 4:16
12 Iomraidhean Croise  

Израилы адӕм, ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕр, сӕхимидӕг быцӕу ныхас систой: «Паддзах нӕ фервӕзын кодта не знӕгтӕй, суӕгъд нӕ кодта филистимӕгты къухӕй, йӕхӕдӕг та, Авессаломӕй лидзгӕйӕ, ныууагъта йӕ зӕхх.


Ӕмӕ адӕм иууылдӕр Соломоны фӕдыл рацыдысты; уадындзтӕй цагътой, сӕ цины хъӕртӕ афтӕ тынг азӕлыдысты, ӕмӕ-иу зӕхх сӕнкъуысти.


Арвы бын цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм лӕмбынӕг куы ’ркастӕн, уӕд бамбӕрстон: алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу.


Ме ’ппӕт фӕллӕйттӕм ӕмӕ тухӕнтӕм иу хатт фӕстӕмӕ куы акастӕн, уӕд та, раздӕрау, загътон: «Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты, арвы бын сӕ ницы пайда ис».


Цард мын ӕнӕуынон сси. Лӕг зӕххыл йӕ хъару цӕуыл хардз кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр банымадтон ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу!


Хуыцауӕн фӕндиаг чи у, уымӕн зонд, куырыхондзинад ӕмӕ циндзинад ратты. Тӕригъӕдджынӕн дӕр кусын ӕмӕ йӕ къӕбицтӕ дзаг кӕныны зонд Хуыцау ратты, фӕлӕ искӕд бон йӕ фӕллӕйттӕ, Хуыцауы зӕрдӕ чи балхӕдта, уый къухмӕ ӕрхауынц. Ӕмӕ та уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, уыдон дӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты.


Ӕз кастӕн ӕмӕ, ног ӕвзонг паддзахы заман цы адӕм цӕрдзысты, уыдоныл сагъӕс кодтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan