Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 4:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Зондджын мӕгуыр лӕг суанг ахӕстонӕй дӕр рухсмӕ рацӕуы ӕмӕ паддзахы бынат бацахсы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Зондджын мӕгуыр лӕг суанг ахӕстонӕй дӕр рухсмӕ рацӕуы ӕмӕ паддзахы бынат бацахсы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 4:14
15 Iomraidhean Croise  

Фараон арвыста Йосефмӕ, ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ахӕстонӕй ракодтой. Йосефӕн йӕ сӕр ӕмӕ йӕ цӕсгомы хил куы ныддастой ӕмӕ йӕ дарӕс куы аивта, уӕд фараонмӕ ӕрбацыди.


Сахарӕй йӕ размӕ рацыд иудейаг паддзах Йехониа, йӕ мадимӕ, йӕ барджынтимӕ, йе ’фсады хицӕуттимӕ ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртимӕ. Вавилоны паддзахы хицаудзинадыл цыди ӕстӕм аз, Йехониайы уацары куы райста, уӕд.


Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йехониа.


Цедекиайӕн йӕ фыртты аргӕвстой йӕ цӕстыты раз, йӕхицӕн та йын йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йӕ хъадаманты мидӕг Вавилонмӕ акодтой.


Ӕгады бынаты чи уыди, уый сбӕрзонд кӕны, кӕуинаг чи фӕци, уый фервӕзын кӕны.


Ӕз кастӕн ӕмӕ, ног ӕвзонг паддзахы заман цы адӕм цӕрдзысты, уыдоныл сагъӕс кодтон.


Дунедарӕджы байсӕрст паддзах — нӕ царды комулӕфт — къӕппӕджы куы бахауди! Дзырдтам-иу: «Адӕмты ’хсӕн йемӕ нӕу махӕн фесӕфынӕй тас».


Афон куы ралӕууыд, уӕд ӕз, Навуходоносор, арвмӕ скастӕн, ӕмӕ мӕ зонд мӕхимӕ ’рцыди. Уӕд арфӕ ракодтон Иууылбӕрзондӕн, Ӕнусмӕ Цӕрӕгӕн скад кодтон. Уый паддзахиуӕг кӕны фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, мыггагӕй-мыггагмӕ.


Рыджы астӕуӕй мӕгуыр лӕджы фелвасы, бырӕтты цӕндӕй — гӕвзыччы, уӕздӕттимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, кады бадӕнмӕ сӕм басиды. Дунедарӕджы бар сты зӕххы цӕджындзтӕ, дуне кӕуыл ӕрцарӕзта, уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan