Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 3:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр уыцы иу ранмӕ цӕуынц: удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр сыджытӕй равзӕрдысты ӕмӕ сыджытыл бафтдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 Фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр уыцы иу ранмӕ цӕуынц: удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр сыджытӕй равзӕрдысты ӕмӕ сыджытыл бафтдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 3:20
20 Iomraidhean Croise  

Измаел фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы, стӕй йӕ цардӕй ахицӕн ис. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыдис.


Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕй бафсӕст, афтӕмӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди.


Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид, цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл».


Лӕг та амӕлы ӕмӕ бартхутӕг вӕййы. Йӕ уд сисы ӕмӕ нал фӕзыны.


Фӕлӕ ма амӕлӕг куыд райгас уыдзӕни? Цалынмӕ мӕ рӕстӕг ахицӕн уа, уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн фервӕзынмӕ.


Хи уӕзӕгау мысын мӕрдтыбӕстӕ, уат кӕнын талынджы мӕхицӕн.


Ӕнӕуи дӕр, мӕлӕты къахыл чи лӕууы ӕмӕ фӕдисхъӕр чи кӕны, уымӕ ма йӕ къух чи сисы?


уӕд алы цардуд дӕр ӕрбамӕлид, уӕд адӕймаг фӕстӕмӕ сыджыт фестид.


Мигъы стыг тайын куыд райдайы ӕмӕ куыд ӕрбайсӕфы, афтӕ мӕрдтыбӕстӕм ныххизӕг дӕр уӕлӕмӕ нал сыздӕхы.


Кӕрдӕг ӕрзайын кӕныс фосӕн, зайӕгхӕлттӕ — адӕмы пайдайӕн, цӕмӕй зӕххӕй амал кӕной хойраг:


Сӕ дон сын фестын кодта туг, сӕ кӕсӕгтӕ сын амардта.


Бузныджы нывонд ӕрхӕсс Хуыцауӕн, Бӕрзӕндтыл Бадӕгӕн цы сомы ракодтай, уый сӕххӕст кӕн.


уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.


Бӕлвырд куыд базонӕн ис, адӕймаджы уд уӕларвмӕ атӕхы, цӕрӕгойы уд та зӕххы бынмӕ ацӕуы, уый?


Иннӕтӕ та, дыууӕ мин азы куы фӕцӕрой, фӕлӕ амонд куынӕ бавзарой, уӕддӕр уыциу ранмӕ цӕуынц.


Цинтӕм цӕуынӕй мӕстджын хӕдзармӕ цӕуын хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕ дӕр иу кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уадз ӕмӕ йӕ рох мачи кӕна.


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Сау мӕры чи бафынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты: иутӕ — мыггагмӕйы цард райсынӕн, иннӕтӕ та — ӕнусон худинаг ӕмӕ ӕрдиагӕн.


Ӕмӕ йӕм куы акӕсай, уӕд ды дӕр дӕ адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзынӕ, де ’фсымӕр Аарон куыд фӕхъуыди, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan