Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 3:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Кӕд лӕг хӕры ӕмӕ нуазы, йӕ къухты фӕллойӕ йӕ зӕрдӕ райы, уӕд ын уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

13 Кӕд лӕг хӕры ӕмӕ нуазы, йӕ къухты фӕллойӕ йӕ зӕрдӕ райы, уӕд ын уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 3:13
14 Iomraidhean Croise  

ме ме ’взонджы бонтӕй мӕ бирӕтӕ ссӕстой, фӕлӕ мыл нӕ фӕтых сты.


Мӕ хӕрзтӕ мын фидынц фыдӕй, мӕ амарыныл архайынц.


Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ цин кӕн дӕ къухты фӕллойыл — уымӕй хуыздӕр адӕймагӕн ницы ис, фӕлӕ уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.


Лӕгӕн йӕ амонд цӕй мидӕг ис, цы чысыл азтӕ рацӕры, уыдоны дӕргъы цы хъуамӕ куса, уый базонын мӕ бафӕндыд. Мӕ зонд мӕхимӕ уыд, фӕлӕ зондцухты бафӕзмын сфӕнд кодтон ӕмӕ сӕныл фӕцахуыр дӕн.


Хуыцау адӕймаджы схъӕздыг ӕмӕ скадджын кӕны, цӕмӕ бӕллы, уыдӕттӕй хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ йын йӕ исбонмӕ йӕ къух бадарын нӕ фӕуадзы, йӕ фӕллӕйттӕн ын ӕцӕгӕлон уынаффӕ фӕкӕны. Ӕмӕ та уый дӕр аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый!


Ӕз раппӕлыдтӕн цинӕй: лӕгӕн а зӕххыл нуазын, хӕрын ӕмӕ цин кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис. Йӕ куысты фӕллойӕ уыдӕттӕ спайда кӕны, цалынмӕ, Хуыцау ын йӕ зӕххон цардӕн цы ’мгъуыд скодта, уый нӕ ахицӕн ис, уӕдмӕ.


Уӕдӕ хъӕлдзӕгӕй дӕ хойраг хӕр ӕмӕ цингӕнгӕйӕ сӕн нуаз, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у.


Минас кӕнут уым Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ цин кӕнут уӕ бинонтимӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы къухты фӕллой ратта, ууыл.


Райӕд дӕ зӕрдӕ, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн цы бӕркӕдтӕ радта, уыдонӕй. Цин кӕнут: ды дӕр, левит дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan