Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 2:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Алы бӕстӕтӕй ӕмӕ паддзӕхтӕй ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ хӕзна дуртӕ ӕрӕмбырд кодтон; уыдис мӕм зарӕггӕнджытӕ, алы уадынгӕрзтыл цӕгъдджытӕ, Адамы фырттӕ сӕхи кӕмӕй буц кӕнынц, уыдон — устытӕ ӕмӕ номылустӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Алы бӕстӕтӕй ӕмӕ паддзӕхтӕй ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ хӕзна дуртӕ ӕрӕмбырд кодтон; уыдис мӕм зарӕггӕнджытӕ, алы уадынгӕрзтыл цӕгъдджытӕ, Адамы фырттӕ сӕхи кӕмӕй буц кӕнынц, уыдон — устытӕ ӕмӕ номылустӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 2:8
21 Iomraidhean Croise  

Ныридӕгӕн мыл ӕстай азы куы цӕуы, уӕд ма мӕм цы хур кӕсы фидӕнӕй? Цы хӕрын ӕмӕ цы нуазын, уыдоны ад ма бамбардзӕни дӕ цагъар? Зарӕггӕнджыты хъӕлӕс ӕрцахсынхъом ма суыдзысты мӕ хъустӕ? Мӕ бардарӕгӕн, паддзахӕн, фыдӕбоны хос цӕмӕн хъуамӕ уон?


Ӕмӕ Савайы ус-паддзах Соломонӕн балӕвар кодта сыгъзӕрины ӕхсӕзыссӕдз таланты, тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Савайы ус-паддзах паддзах Соломонӕн цы диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ балӕвар кодта, ахӕмтӕ уӕды онг никуыма ничи федта.


Соломонмӕ ӕрвылаз цы сыгъзӕрин ӕфтыд, уымӕн йӕ уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз таланты.


Соломонӕн йӕ нуазӕнтӕ уыдысты сыгъзӕринӕй конд, йӕ ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуаны дзауматӕ та иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд. Ӕвзист дзаумайӕ йӕм ницы уыд, уымӕн ӕмӕ Соломоны заман ӕвзистӕн ницы кад уыди.


Уыди йын авдсӕдӕ усы, уӕздан мыггӕгтӕй, стӕй ӕртӕсӕдӕ номылусы, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ Хуыцаумӕ ӕруазал кодтой.


Роховам уыдоны бӕсты скӕнын кодта ӕрхуы уартытӕ ӕмӕ сӕ паддзахы галуаны дуар хъахъхъӕнджыты хицӕутты бӕрны бакодта.


Фӕлӕ уӕддӕр уыцы сахарты тыххӕй Соломонӕн Тирӕй ӕрбарвыста цъындыйы аргъ — сыгъзӕрины ӕхсӕзыссӕдз таланты.


Ӕмӕ Соломоны адӕмимӕ наутыл Ецион-Геверӕй араст сты Офирмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй паддзах Соломонӕн ӕрбаластой цыппарсӕдӕ дыууын таланты бӕрц сыгъзӕрин.


Давид ӕмӕ дингӕнджыты хистӕртӕ Дунедарӕджы хӕдзары кусынӕн баурӕдтой Асафы, Хеманы ӕмӕ Йедутуны фыртты, цӕмӕй пехуымпариуӕг кӕной, хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй цӕгъдгӕйӕ. Мӕнӕ уыцы лӕггадгӕнджыты номхыгъд.


Ацы зарӕггӕнджытӕ иууылдӕр, сӕ фыдӕлты разамындӕй, зарыдысты Дунедарӕджы хӕдзары, цагътой ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй, дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй. Афтӕмӕй, паддзахы разамындӕй лӕггад кодтой Хуыцауы хӕдзары. Асаф, Йедутун ӕмӕ Хеманӕн,


Уыцы хъӕдӕрмӕгӕй Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ йӕ Галуанӕн скодта асинтӕ. Ноджы ма дзы Кувӕндоны фӕндырдзӕгъдджытӕн сарӕзта хъисфӕндыртӕ ӕмӕ дыууадӕстӕнонтӕ. Ахӕм диссӕгтӕ раздӕр никуыма ничи федта Иудейы.


Сӕ унӕуттӕ ӕмӕ цагъарты сын куынӕ нымайай, уӕд. Нӕлгоймаг ӕмӕ сӕм сылгоймаг унӕуттӕ ӕмӕ цагъартӕ та уыди авд мин ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд; семӕ ма ноджы — уадынгӕрзтыл цӕгъдджытӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ, дыууӕсӕдӕ нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы.


«Алцы дӕр аивгъуыйы, алцӕмӕн дӕр кӕрон ӕрцӕуы».


Уӕдӕ афтӕ: куыддӕр сыкъауадындз, удӕвдз, далафӕндыр, дыууадӕстӕнон, лалымуадындз ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъусат, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом ут ӕмӕ, кӕй саразын кодтон, уыцы гуымирымӕ бакувут. Куынӕ йӕм бакуват, уӕд уайсахат пецы цырен арты ӕппӕрст ӕрцӕудзыстут, ӕмӕ уӕ мӕ азарӕй иу хуыцау дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»


Куыддӕр сыкъауадындз, удӕвдз, далафӕндыр, дыууадӕстӕнон, лалымуадындз ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъусат, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом ут ӕмӕ бакувут, паддзах Навуходоносор кӕй саразын кодта, уыцы сыгъзӕрин гуымирымӕ.


Ӕппӕт адӕмтӕ, алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ куыддӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъуыстой, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирымӕ бакуывтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan