Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 2:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 дыргъдӕттӕ ӕмӕ хъӕды къохтӕ, дыргъджын бӕласӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон дзы ӕрзайын кодтон,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 дыргъдӕттӕ ӕмӕ хъӕды къохтӕ, дыргъджын бӕласӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон дзы ӕрзайын кодтон,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 2:5
10 Iomraidhean Croise  

Стӕй мын ныффыссӕд паддзахы хъӕдгӕс Асафмӕ, цӕмӕй мын хъӕдӕрмӕг радта Хуыцауы хӕдзары гӕнах, сахары къултӕ ӕмӕ, кӕм цӕрдзынӕн, уыцы хӕдзары кулдуӕртты фаг». Ныффыста мын паддзах гӕххӕтт, уымӕн ӕмӕ мыл Хуыцау йӕ хӕрзаудӕг арм дардта.


О, мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕхгӕд дыргъдон, ӕхгӕд цъайы ӕнгӕс дӕ! Ды — донгуырӕн, фӕлӕ дӕ нуазӕн нӕй!


Дӕ дыргъдоны зайынц гранат бӕлӕстӕ, ӕмбисонды хӕрзад дыргътимӕ; шафран, хӕрздӕфгӕнаг хъӕз ӕмӕ корицӕ, алыхуызон буд бӕлӕстӕ; алой ӕмӕ миррӕ — алы диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.


— О, райхъал у, цӕгаты дымгӕ! О хуссары дымгӕ, фӕзын! Мӕ дыргъдоныл мын радым, уадз, йӕ хӕрздӕф уӕлдӕфы ахъара! Уадз, мӕ уарзон ӕрбацӕуа йӕ дыргъдонмӕ, йӕ адджын дыргътӕй йын бахӕра!


— Мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ, ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме ’хсырӕй. — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ! Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ!


— Мӕ уарзон йӕ дыргъдонмӕ ныццыди, дидинджыты хӕрздӕфгӕнаг къохмӕ; уым хиздзӕнис йӕ дзуг, кӕркусӕгтӕ ӕмбырд кӕндзӕнис.


Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ сӕ йе ’фсӕддонтӕ куы федтой, уӕд лидзӕг фесты. Ӕхсӕвы, паддзахы дыргъдоны дыууӕ сисы ’хсӕн цы кулдуар уыди, ууылты рацыдысты ӕмӕ Аравӕйы ’рдӕм араст сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan