Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 2:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Хуыцауӕн фӕндиаг чи у, уымӕн зонд, куырыхондзинад ӕмӕ циндзинад ратты. Тӕригъӕдджынӕн дӕр кусын ӕмӕ йӕ къӕбицтӕ дзаг кӕныны зонд Хуыцау ратты, фӕлӕ искӕд бон йӕ фӕллӕйттӕ, Хуыцауы зӕрдӕ чи балхӕдта, уый къухмӕ ӕрхауынц. Ӕмӕ та уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, уыдон дӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

26 Хуыцауӕн фӕндиаг чи у, уымӕн зонд, куырыхондзинад ӕмӕ циндзинад ратты. Тӕригъӕдджынӕн дӕр кусын ӕмӕ йӕ къӕбицтӕ дзаг кӕныны зонд Хуыцау ратты, фӕлӕ искӕд бон йӕ фӕллӕйттӕ, Хуыцауы зӕрдӕ чи балхӕдта, уый къухмӕ ӕрхауынц. Ӕмӕ та уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, уыдон дӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 2:26
24 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Нойӕн загъта: «Бахиз наумӕ дӕ бинонтимӕ. Ныры дуджы адӕмӕй Мӕ цӕсты иунӕг ды дӕ рӕстӕвзар.


Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ мидӕг ис царды комулӕфт, уд, Ӕппӕтхъомысы комулӕфт ӕй схайджын кӕны зондӕй!


Уӕлзонд чи бавӕрдта зӕрдӕйы, чи скодта ӕмбаргӕ зонд?


Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Кӕуылты сты дӕ диссӕгтӕ, нӕ сӕраппонд цы фӕндтӕ нывӕндыс, уыдон! Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕ диссӕгты кой Дын ракӕнин, фӕлӕ сӕ ӕз кӕд фӕуыдзынӕн нымад?


Уарзыс ды, сӕфтмӕ чи кӕны, ахӕм ныхӕстӕ, мӕнгард ӕвзаг дын у ӕхцон.


Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.


Адӕймаджы уӕлзондӕй Дунедарӕг схайджын кӕны, зонд ӕмӕ зонынад Уый дзыхӕй рацӕуынц.


Пайдайыл ӕхца ’фстау дӕтгӕйӕ, йӕ исбоныл чи ’фтауы, уый йӕ мулк, мӕгуыртыл чи ауды, уымӕн ӕмбырд кӕны.


Ӕз сфӕнд кодтон уӕлзонды фӕрцы, дунейы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ бафӕлварын. Ацы ӕвзӕр хъуыддаг Хуыцау адӕмӕн бабар кодта, цӕмӕй тухӕн кӕной.


Арвы бын цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм лӕмбынӕг куы ’ркастӕн, уӕд бамбӕрстон: алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу.


Ӕмӕ уӕдӕ чи хъуамӕ хӕра ӕмӕ цин кӕна мӕ бӕсты?


Ӕз федтон, Хуыцау адӕмӕн цы куыстытӕ бабар кодта, уыдон се ’ппӕт дӕр.


Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.


Ныронг ницы куырдтат Мӕ номӕй. Ныр курут ӕмӕ райсдзыстут, ӕмӕ уӕ циндзинад уыдзӕни ӕххӕст.


Уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй у фидауынгӕнӕг, сӕрныллӕг, коммӕгӕс, фӕлмӕнзӕрдӕ, йӕ хъуыддӕгты дыргътӕ сты хорз, никӕй хъулон кӕны, цӕстмӕмитӕ йӕм нӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan