Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 2:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Уый бӕрц фӕтухӕнтӕ кӕн, дӕ зонд, дӕ хъарутӕ ӕмӕ дӕ арӕхстдзинад ма бавгъау кӕн, ӕмӕ стӕй дӕ фӕллӕйтӕ кӕмӕндӕр лӕвар баззайӕнт. Ӕмӕ та уый фӕстӕ уыдӕттӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕн. Уый стыр бӕллӕх у!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

21 Уый бӕрц фӕтухӕнтӕ кӕн, дӕ зонд, дӕ хъарутӕ ӕмӕ дӕ арӕхстдзинад ма бавгъау кӕн, ӕмӕ стӕй дӕ фӕллӕйтӕ кӕмӕндӕр лӕвар баззайӕнт. Ӕмӕ та уый фӕстӕ уыдӕттӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕн. Уый стыр бӕллӕх у!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 2:21
15 Iomraidhean Croise  

Иосиа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта. Алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыдӕл Давиды, уый фӕндагыл цыди ӕмӕ дзы йӕхи нӕдӕр рахизӕрдӕм, нӕдӕр галиуӕрдӕм здӕхта.


Пехуымпар Самуелы заманӕй фӕстӕмӕ Израилы ахӕм Куадзӕн никуыуал уыд. Израилы паддзӕхтӕй иу дӕр Куадзӕн Иосиайы хуызӕн никуы сбӕрӕг кодта: сауджынтӕ ӕмӕ левиттимӕ, Иудей ӕмӕ Израилы адӕмӕй уым чи уыдис, уыдонимӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытимӕ.


Дӕуӕн нывӕндтӕ ӕмӕ хуынтӕ фӕндон нӕ уыдысты, иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ нӕ бацагуырдтай — мӕ хъустӕ мын байгом кодтай хъусынӕн.


хъӕды алы сырд дӕр Мӕн у, мингай хӕхтыл фос иууылдӕр Мӕн сты.


Ӕз хӕхтыл алы маргъы дӕр зонын, быдырты цардудӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр Мӕн сты.


Мӕ ныфс асаст, мӕ фӕллӕйттӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттыл куы хъуыды кодтон, уӕд.


Ноджы ма федтон: адӕм кусынц ӕмӕ истӕуыл архайынц, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕй кӕнынц, уымӕн. Фӕлӕ уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


кӕмӕндӕр нӕ — ӕрдхорд, нӕ — ӕмбал, нӕ йын — фырт, нӕ — ӕфсымӕр, афтӕмӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕвӕлмӕцгӕйӕ кусы, фӕлӕ ӕфтиаджы фыдӕй, кӕм ӕрлӕууа, уый нӕ зоны. Цӕмӕн ӕмӕ кӕмӕн кусы, уый бӕрӕг нӕй. Уый дӕр та аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый дӕр!


Куырыхондзинад цыфӕнды хӕцӕнгарзӕй дӕр хуыздӕр у, фӕлӕ иу лӕджы рӕдыд бирӕ хӕрзтӕ фесафы.


Цӕмӕй дӕ нӕзытӕй ӕппӕлай, уый тыххӕй сдӕ паддзах? Дӕ фыд дӕр хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ кодта, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕ раст уыдысты! Рӕстдзинады фӕдыл цыд ӕмӕ ӕнӕмастӕй царди.


Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan