Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 2:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Цӕмӕфӕнды ма бабӕллон, мӕхицӕн «нӕ», зӕгъгӕ, никуы ницӕмӕй загътон, цин кодтон мӕ фӕллӕйттыл. Мӕ тухӕнты фӕстӕ уыцы циндзинад райстон хӕрзиуӕгӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Цӕмӕ фӕнды ма бабӕллон, мӕхицӕн «нӕ», зӕгъгӕ, никуы ницӕмӕй загътон, цин кодтон мӕ фӕллӕйттыл. Мӕ тухӕнты фӕстӕ уыцы циндзинад райстон хӕрзиуӕгӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 2:10
21 Iomraidhean Croise  

Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта.


Хуыцауы фырттӕ федтой, адӕмӕн сӕ чызджытӕ рӕсугъд кӕй сты, уый, ӕмӕ-иу дзы йӕ цӕст чи кӕуыл ӕрӕвӕрдта, уыимӕ-иу ӕмуат ӕрцыди.


Мӕ цӕстытимӕ баныхас кодтон, сылгоймагмӕ ӕнӕфсарм каст кӕй нӕ бакӕндзынӕн.


ме ме ’взонджы бонтӕй мӕ бирӕтӕ ссӕстой, фӕлӕ мыл нӕ фӕтых сты.


хъӕздыгдзинад, куыддӕр ӕм бакӕсай, афтӕ ӕрбайсӕфы, цӕргӕсау айтындзы йӕ базыртӕ ӕмӕ уӕлӕрвтӕм атӕхы.


Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.


Ӕз сфӕнд кодтон мӕхи бафӕлварын ирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ фарнӕй, фӕлӕ та загътон: «Уыдӕттӕн сӕ кой дӕр фесӕфдзӕн».


Цы пайда ис лӕгӕн йӕ куыстӕй, йе ’ппӕт тухӕнтӕй?


Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ цин кӕн дӕ къухты фӕллойыл — уымӕй хуыздӕр адӕймагӕн ницы ис, фӕлӕ уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.


Ӕз бамбӕрстон: адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ хъуамӕ райа йӕ куыстӕй. Ницы ис лӕгӕн уымӕй хуыздӕр, уымӕн ӕмӕ кусынӕн райгуыры. Йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уыдон та йын чи равдисдзӕн?


Бирӕ мулк дӕм куы уа, уӕд дӕ алыварс, чи дын ӕй хӕра, ахӕмтӕ бирӕ фӕзындзӕн. Цы пайда ис хъӕздыг лӕгӕн йӕ мулкӕй? Дӕ исбон цас фылдӕр кӕна, уыйас фӕлхасгӕнджытӕ фылдӕрӕй фылдӕр кӕндзысты.


Хуыцау нын цӕрынӕн цы цыбыр ӕмгъуыд ратты, уымӕй куыд хуыздӕр спайда чындӕуа? Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ дӕ къухты фӕллойыл цин кӕн. Уый адӕймагӕн йӕ нывысконд у.


Хуыцау искӕмӕн хъӕздыгдзинад куы ратты, йӕ къухвӕллойыл йӕ бар куы фӕцӕуы ӕмӕ йӕ зӕрдӕ цинӕй дзаг куы вӕййы, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын Хуыцау стыр лӕвар ракодта.


Хуыцау адӕймаджы схъӕздыг ӕмӕ скадджын кӕны, цӕмӕ бӕллы, уыдӕттӕй хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ йын йӕ исбонмӕ йӕ къух бадарын нӕ фӕуадзы, йӕ фӕллӕйттӕн ын ӕцӕгӕлон уынаффӕ фӕкӕны. Ӕмӕ та уый дӕр аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый!


Дӕ цӕстӕй цы уыныс, уый — хорз, истӕмӕ бӕллын — зӕрдӕйы сагъӕс. Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


Ӕз раппӕлыдтӕн цинӕй: лӕгӕн а зӕххыл нуазын, хӕрын ӕмӕ цин кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис. Йӕ куысты фӕллойӕ уыдӕттӕ спайда кӕны, цалынмӕ, Хуыцау ын йӕ зӕххон цардӕн цы ’мгъуыд скодта, уый нӕ ахицӕн ис, уӕдмӕ.


Сӕ уарзт, сӕ фыдӕх ӕмӕ сӕ монцтӕ фӕцыдӕр сты, зӕххон цӕрджытимӕ сын ӕнусмӕ иумӕйагӕй ницыуал ис.


Дӕ цард цыбыр у, ӕмӕ дӕ уарзон усимӕ амондджынӕй цӕр; бонтӕ тагъд фӕуынц, алы боныл дӕр цин кӕн — ацы дунейы уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ куысты хӕрзиуӕг.


Уымӕн ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис — тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцтӕ, цӕсты монцтӕ ӕмӕ хъал царды цӕстӕй кӕсын, — уыдон Фыдӕй ратгӕ не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ.


Сӕхимӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕн загъта: «Тимнайы сахары иу филистимаг чызджы федтон, ӕмӕ мын ӕй ракурут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan