Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 11:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Сӕумӕрайсом-иу мыггаг тауынмӕ рацу, изӕрыгон дӕр дӕ фӕллад ферох кӕн, уымӕн ӕмӕ тауын кӕд хуыздӕр у, уый нӕ зоныс. Чи зоны, изӕр дӕр ӕмӕ райсом дӕр, цы байтыдтай, уымӕй дӕхицӕн исты спайда кӕнай, чи зоны та ӕрмӕст изӕрӕй кӕнӕ райсомӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 Сӕумӕрайсом-иу мыггаг тауынмӕ рацу, изӕрыгон дӕр дӕ фӕллад ферох кӕн, уымӕн ӕмӕ тауын кӕд хуыздӕр у, уый нӕ зоныс. Чи зоны, изӕр дӕр ӕмӕ райсом дӕр, цы байтыдтай, уымӕй дӕхицӕн исты спайда кӕнай, чи зоны та ӕрмӕст изӕрӕй кӕнӕ райсомӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 11:6
15 Iomraidhean Croise  

Рухс ӕхцон у, ног бон уынын ӕхсызгон у.


Ӕз архайдтон бамбарын ӕмӕ басгарын: рӕстудтӕ ӕмӕ куырыхонтӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ дӕр сты Хуыцауы къухы; адӕймаг нӕ фӕзоны, уарзт ӕви йӕм фыдӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Къӕвда кӕнӕ мит куы рауары, уӕд арвмӕ фӕстӕмӕ нӕ аздӕхы, цалынмӕ зӕххӕн йӕ дойны басӕтты, уӕдмӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй зӕхх свӕййы сойджын, ӕмӕ йыл ӕрзайы хортӕ — тауинагӕн дӕр ӕмӕ хойрагӕн дӕр.


Рӕстдзинад таут ӕмӕ уӕхицӕн хорзӕх ӕркӕрдат. Ӕгайнӕг зӕхх афӕлдахут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ӕрцагурынӕн афон у, цӕмӕй, куы ’рцӕуа, уӕд уыл рӕстады къӕвда ӕруадза.


Уӕ зӕрдыл дарут: чъынды тауӕгӕн йӕ хор дӕр мӕгуырау уыдзӕни, рӕдауӕй чи тауы, уымӕн та йӕ хор тугыл аскъуыйдзӕн.


хъусын кӕн Хуыцауы дзырд, амон ӕй, фадат дын куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ дын куынӕ уа, уӕд дӕр. Цӕстмӕ дар, уайдзӕф кӕн, рӕвдау — амон фӕразонӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan