Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 11:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Царды комулӕфт кӕцӕй фӕзыны ӕмӕ сывӕрджын сылгоймаджы гуыбыны сывӕллоны стджытӕ куыд сӕвзӕрын кӕны, уый куыд ничи зоны, афтӕ, алцы Кӕй архайды фӕрцы сырӕзы, уыцы Хуыцауы хъуыддӕгтӕ дӕр ничи бамбардзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Царды комулӕфт кӕцӕй фӕзыны ӕмӕ сывӕрджын сылгоймаджы гуыбыны сывӕллоны стджытӕ куыд сӕвзӕрын кӕны, уый куыд ничи зоны, афтӕ, алцы Кӕй архайды фӕрцы сырӕзы, уыцы Хуыцауы хъуыддӕгтӕ дӕр ничи бамбардзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 11:5
19 Iomraidhean Croise  

Ӕппӕтхъомысыл не ’ххӕссы нӕ зонд. Йӕ хъомысӕй, Йӕ раст тӕрхонӕй цытджын у. Йӕ рӕстад у ӕгӕрон, Уый никӕй ӕфхӕры.


Ӕз зӕхх куы арӕзтон, уӕд ды кӕм уыдтӕ? Кӕд ӕй зоныс, уӕд дзуапп ратт.


Уымӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕгӕрон, зонд сӕ нӕ ахсы, Йӕ диссӕгтӕн кӕрон дӕр нӕй.


Ӕмӕ Хуыцау сбирӕ кодта Йӕ адӕмы, ӕмӕ йӕ скодта йе знӕгтӕй тыхджындӕр.


Кувын ӕз: «О Дунедарӕг! Батӕригъӕд мын кӕн! Сдзӕбӕх мӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдджын дӕн Дӕ разы!»


Дӕ уынаффӕтӕ сты ныфсы хос, Дӕ хӕдзар ӕнустӕм уаз рухсӕй фӕлыст у!


Ӕз сфӕнд кодтон уӕлзонды фӕрцы, дунейы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ бафӕлварын. Ацы ӕвзӕр хъуыддаг Хуыцау адӕмӕн бабар кодта, цӕмӕй тухӕн кӕной.


Дымгӕ куы хуссарӕрдӕм дымы, куы — цӕгатӕрдӕм, иу уысм дӕр йӕ зилдухӕй не ’нцайы.


Фӕлӕ, дымгӕмӕ чи кӕсы, уый ницы тауы; мигътӕм йӕ цӕст чи дары, уымӕн йӕ хуымтӕ ӕнӕкарстӕй баззайынц.


Ӕз федтон, Хуыцау адӕмӕн цы куыстытӕ бабар кодта, уыдон се ’ппӕт дӕр.


Алцыдӕр хорз йӕ афоныл у, Хуыцауӕн фӕндон куыд у, уымӕ гӕсгӕ. Хуыцау адӕмӕн сӕ зӕрдӕты бавӕрдта ӕнусон дуне ӕмбарыны зонд, фӕлӕ Йын Йӕ хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ бамбарын адӕймаджы бон нӕу.


Цы уыди, уыдон тынг дард сты, дард ӕмӕ арф! Цы нысан кӕнынц, уый чи базондзӕн?


Ӕз федтон Хуыцауы хъуыддӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕмӕ загътон: адӕймаг, зӕххыл цытӕ цӕуы, уыдӕттӕ никуы бамбардзӕн, цыфӕнды куырыхон куы уа, уӕд дӕр. Алцы зонын, зӕгъгӕ, куы дзура, уӕддӕр уымӕн афтӕ уӕвӕн нӕй.


Ау, ницы зонут? Нӕ фехъуыстат, ӕнӕмӕлгӕ Дунедарӕг — Дунедарӕг Хуыцау — фӕллайгӕ ӕмӕ фӕлмӕцгӕ кӕй нӕ кӕны, уый?


Дымгӕ дымы, кӕм ӕй фӕнды, уым, йӕ уынӕр ын хъусыс, фӕлӕ, кӕцӕй ӕрцӕуы ӕмӕ кӕдӕм ацӕуы, уый нӕ зоныс. Афтӕ вӕййы йӕ хабар, Удӕй чи райгуыры, уымӕн дӕр».


Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan