Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 10:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Дӕхинымӕр дӕр паддзахы фыдгой ма ракӕн, дӕ хуыссӕнуаты дӕр ма рафау хъӕздыг лӕджы — уӕларвон мӕргътӕ дын дӕ хъуыдытӕ аскъӕфдзысты, дӕ ныхӕстӕй иунӕг дӕр нӕ басусӕг уыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 Дӕхинымӕр дӕр паддзахы фыдгой ма ракӕн, дӕ хуыссӕнуаты дӕр ма рафау хъӕздыг лӕджы — уӕларвон мӕргътӕ дын дӕ хъуыдытӕ аскъӕфдзысты, дӕ ныхӕстӕй иунӕг дӕр нӕ басусӕг уыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 10:20
11 Iomraidhean Croise  

Сӕ иу ын дзуапп радта: «Нӕ, мӕ паддзах! Уый йын Израилы пехуымпар Елисей рахабар кӕны, ды дӕ хуыссӕнуаты цы фӕзӕгъыс, уыдӕттӕ дӕр».


Мардохей уый базыдта ӕмӕ йӕ Естерӕн загъта, Естер та йӕ Мардохейы номӕй паддзахӕн фехъусын кодта.


уымӕн ӕмӕ йын уый йеддӕмӕ, йӕхи цӕмӕй ӕрӕмбӕрза, ахӕм ӕндӕр ницы ис. Ӕнӕ уымӕй куыд ныххуысдзӕн? Куы Мӕм сдзыназа, уӕд ӕй Ӕз фехъусдзынӕн, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг дӕн.


Хуыцауы ма фау, дӕ фӕтӕджы фыдгой ма кӕн.


Нилы бӕз-бӕз кӕндзысты, донӕй рахиздзысты ӕмӕ дын дӕ галуанмӕ, дӕ уатмӕ бабырдзысты, дӕ сынтӕгмӕ дын схиздзысты. Дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмы хӕдзӕртты, уӕ пецтӕ ӕмӕ уӕ хыссӕйы арынгты байдзаг уыдзысты.


Рахау-бахау кӕндзысты зӕрдӕсастӕй, ӕххормагӕй. Стонгӕй мӕлгӕйӕ, фыр мӕстӕй ӕлгъитдзысты сӕ паддзахы ӕмӕ сӕ Хуыцауы. Арвмӕ скӕсдзысты,


Марфӕйӕн та йӕ мӕт ӕгасӕй дӕр уыди, куыд хуыздӕр Ӕй суазӕг кӕна, ууыл. Бацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Бардарӕг, мӕ хо мӕ иунӕгӕй лӕггадгӕнгӕ куыд ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ мӕм фынг ӕвӕрынмӕ фӕкӕса».


Фӕлӕ сын Йесо дзуапп радта: «Зӕгъын уын: уыдон куы ныхъхъус уой, уӕд дуртӕ ныхъхъӕр кӕндзысты».


Павел дзуапп радта: «Ӕфсымӕртӕ, алчер кӕй у, уый нӕ зыдтон. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Дӕ адӕмы фӕтӕджы фыдгой ма кӕ“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan