Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 10:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Куырыхоны зӕрдӕ раст фӕндаг равзарыныл архайы, зондцух цӕуы галиу фӕндӕгтыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Куырыхоны зӕрдӕ раст фӕндаг равзарыныл архайы, зондцух цӕуы галиу фӕндӕгтыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 10:2
11 Iomraidhean Croise  

Зондджынӕн йӕ куырыхон зонд, йӕ фӕндаг кӕй ӕмбары, уый мидӕг ис, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ мӕнг хъуыдыты.


Куырыхоны ’взаг зонынад тауы, ӕдылытӕм ахӕм зӕрдӕйы уаг нӕй.


Ӕдылыйы та ’хцайы хызын цӕмӕн хъӕуы? Зонд дӕм куынӕ уа, уӕд уӕлзонд нӕ балхӕндзынӕ.


Кӕд дӕ фӕрӕт ныкъкъуымых ис, уӕд дӕ фылдӕр тых бахъӕудзӕн, цӕмӕй дӕ куыст кӕронмӕ фӕуай. Цӕмӕй дӕ куыстӕн исты фӕстиуӕг разына, уый тыххӕй куырыхон зонд хъӕуы.


Ӕдылы дзурын бирӕ фӕуарзы. Адӕймаг нӕ зоны йӕ фидӕн, стӕй, йӕ фӕстӕ цы уыдзӕнис, уый дӕр. Чи йын ӕй радзура?


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Фысты ӕрлӕууын кӕндзӕн Йӕ рахизфарс, сӕгъты та — Йӕ галиуфарс.


Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.


Уӕдӕ афтӕ: кӕд сымах Чырыстиимӕ райгас стут, уӕд тырнут уӕлӕрвтӕм, Чырысти Хуыцауы рахизфарс кӕм бады, уырдӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan