Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 10:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Додойаг у, йӕ паддзах ӕвӕлтӕрд лӕппу кӕмӕн у, йӕ уӕздӕттӕ ӕхсӕвӕй бонмӕ куывдты кӕм бадынц, уыцы бӕстӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Додойаг у, йӕ паддзах ӕвӕлтӕрд лӕппу кӕмӕн у, йӕ уӕздӕттӕ ӕхсӕвӕй бонмӕ куывдты кӕм бадынц, уыцы бӕстӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 10:16
16 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ уыл кӕд мӕ фыд уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, уӕд уын ӕй ӕз та ноджы фӕуӕззаудӕр кӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕфхӕрдта хуымӕтӕг ехсытӕй, ӕз та уӕ ӕфхӕрдзынӕн сындзджын ехсытӕй“».


Йӕ алыварс ӕнаккаг ӕмӕ ницӕйаг адӕм ӕрӕмбырд сты, сӕ хъарутӕ баиу кодтой ӕмӕ сыстадысты Роховамы, Соломоны фырты, ныхмӕ. Роховам та уӕд нырма ӕрыгон ӕмӕ ӕнӕныфс уыди, ӕмӕ сын ныхкъуырд раттын йӕ бон нӕ баци.


Цедекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди иу ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы.


Иоахаз паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ мӕйы.


Иоаким паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта.


Йехониа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди аст азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ мӕйы. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта.


Бӕстӕйы хицау цас ӕдылыдӕр уа, уыйас адӕмы фылдӕр ӕфхӕры, фӕлӕ кӕрӕфдзинад ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый хицауиуӕг бирӕ кӕндзӕн.


Ӕдылы куыстӕй фӕллайгӕ кӕны, суанг, сахармӕ цы фӕндаг цӕуы, уый дӕр нал фӕуыны.


Хъуымызбыл залымтӕ ӕфхӕрынц мӕ адӕмы, сылгоймӕгтӕ кӕнынц ӕлдариуӕг. Уӕ мӕ адӕм! Дӕ раздзӕуджытӕ дӕ рӕдийын кӕнынц, галиу фӕндагыл дӕ ардауынц.


Давиды байзӕддӕгтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Сӕумӕйӕ-иу раст тӕрхон кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухтӕй фервӕзын кӕнут, науӕд, уӕ фыдракӕндтӕм кӕсгӕйӕ, Мӕ маст ссудздзӕни пиллон артау, ӕнӕ ахуысгӕ зынгирвӕзтау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan