Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 10:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Кӕд дӕ фӕрӕт ныкъкъуымых ис, уӕд дӕ фылдӕр тых бахъӕудзӕн, цӕмӕй дӕ куыст кӕронмӕ фӕуай. Цӕмӕй дӕ куыстӕн исты фӕстиуӕг разына, уый тыххӕй куырыхон зонд хъӕуы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Кӕд дӕ фӕрӕт ныкъкъуымых ис, уӕд дӕ фылдӕр тых бахъӕудзӕн, цӕмӕй дӕ куыст кӕронмӕ фӕуай. Цӕмӕй дӕ куыстӕн исты фӕстиуӕг разына, уый тыххӕй куырыхон зонд хъӕуы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 10:10
20 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ ратт мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, ӕмбаргӕ зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ бон уа Дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнын ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасын. Ӕнӕ уымӕй чи бафӕраздзӕн ацы стыр адӕмӕн уаг ӕрӕвӕрын?»


Иссахары хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди дыууӕсӕдӕ хистӕры. Уыдон зыдтой, Израилы адӕмы кӕд цы кӕнын хъуыди, уыдӕттӕ. Семӕ-иу сразы сты се ’ппӕт ӕрвадӕлтӕ дӕр.


Калмӕн фӕхӕцыны бар куы радтай, уӕд, кӕлмытӕн кӕлӕнтӕ кӕнынмӕ цыфӕнды дӕсны куы уай, уӕд дӕр дзы пайда нал уыдзӕн.


Ӕдылы куыстӕй фӕллайгӕ кӕны, суанг, сахармӕ цы фӕндаг цӕуы, уый дӕр нал фӕуыны.


Дуркӕрдӕг, гӕнӕн ис ӕмӕ, дур кӕрдгӕйӕ, исты знаггад ракӕна йӕхицӕн дуртӕй; хъӕддзауыл, бӕлӕстӕ калгӕйӕ, чи зоны, исты фыдбылыз ӕрцӕуа.


Ӕз бамбӕрстон: рухс ӕмӕ тар кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕнынц, афтӕ зондджын дӕр ӕдылыйӕ хицӕн кӕны.


Куырыхондзинад цыфӕнды хӕцӕнгарзӕй дӕр хуыздӕр у, фӕлӕ иу лӕджы рӕдыд бирӕ хӕрзтӕ фесафы.


Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.


Фарны Уацыл ӕнувыд кӕй стут, уый алкӕмӕн дӕр зындгонд у, ӕмӕ ӕз дӕр цин кӕнын ууыл. Фӕнды мӕ, цӕмӕй сымах хорздзинад саразынмӕ уат зондджын, фыддзинадмӕ та уат ӕнӕхин.


Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та — хъомылтӕ.


Мӕ цӕхӕркалгӕ кард куы сцыргъ кӕнон ӕмӕ тӕрхон кӕнынмӕ куы бавналон, уӕд Ме знӕгтӕн аккаг фӕуыдзынӕн, Мӕ фыдгултӕн схос кӕндзынӕн.


Ӕнӕуырнджытимӕ уӕхи дарут зондджынӕй, алы фадатӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ.


Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan