Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 1:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Фӕлӕ мӕ ноджы, зонд ӕдылыдзинад ӕмӕ ӕррадзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый бӕлвырд базонын бафӕндыд. Ӕмӕ бамбӕрстон, уый дӕр та, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай кӕй нӕу.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

17 Фӕлӕ мӕ ноджы, зонд ӕдылыдзинад ӕмӕ ӕррадзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый бӕлвырд базонын бафӕндыд. Ӕмӕ бамбӕрстон, уый дӕр та, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай кӕй нӕу.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 1:17
14 Iomraidhean Croise  

Дӕ бар цӕуы бон ӕмӕ ӕхсӕвыл; хур ӕмӕ мӕй Ды сфӕлдыстай.


Алцӕмӕн дӕр кӕрон ӕрцӕуы, — зӕгъы Хуыцауы ныхас амонӕг, — алцыдӕр аивгъуыйы!


Цард мын ӕнӕуынон сси. Лӕг зӕххыл йӕ хъару цӕуыл хардз кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр банымадтон ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу!


Лӕгӕн йӕ амонд цӕй мидӕг ис, цы чысыл азтӕ рацӕры, уыдоны дӕргъы цы хъуамӕ куса, уый базонын мӕ бафӕндыд. Мӕ зонд мӕхимӕ уыд, фӕлӕ зондцухты бафӕзмын сфӕнд кодтон ӕмӕ сӕныл фӕцахуыр дӕн.


Уымӕн ӕмӕ сын иу фидӕн ис: фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр мӕлынц, иу уӕлдӕфӕй улӕфынц, адӕймаг фосӕй хуыздӕр ницӕмӕй у. Иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр фесӕфдзысты.


Ноджы ма федтон: адӕм кусынц ӕмӕ истӕуыл архайынц, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕй кӕнынц, уымӕн. Фӕлӕ уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


Фӕлтау дӕм армыдзаг исты уӕд ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕр, дыууӕ армыдзаджы тыххӕй амал кӕныны ӕмӕ дымгӕйы фӕдыл зилыны бӕсты!


Дӕ цӕстӕй цы уыныс, уый — хорз, истӕмӕ бӕллын — зӕрдӕйы сагъӕс. Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


Ӕз архайдтон куырыхон зондмӕ баххӕссыныл, мӕн фӕндыд, зӕххыл цытӕ цӕуы, лӕгӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ хуыссӕг кӕй тыххӕй фӕлидзы, уыцы хъуыддӕгтӕ бамбарын.


Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты.


Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan