Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 1:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Мӕхимӕ гӕсгӕ, Йерусалимы мӕ хуызӕн зондджын ӕмӕ стыр куырыхон лӕг никуыма райгуырд, ӕмӕ йӕ зондӕй мӕныйас ничи ницы бафӕлвӕрдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Мӕхимӕ гӕсгӕ, Йерусалимы мӕ хуызӕн зондджын ӕмӕ стыр куырыхон лӕг никуыма райгуырд, ӕмӕ йӕ зондӕй мӕныйас ничи ницы бафӕлвӕрдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 1:16
20 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ мӕ нӕ уырныдтой, цалынмӕ дӕм ӕрбацыдтӕн ӕмӕ дӕ мӕхи цӕстытӕй федтон, уӕдмӕ. Дӕ куырыхон зонд ӕмӕ дӕ хъӕздыг исбон дзӕвгар фылдӕр куы сты, ӕз сӕ цы фехъуыстон, уымӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕн мын се ’мбисы бӕрц дӕр нӕ радзырдтой.


Скӕсӕны бӕстӕтӕ ӕмӕ Мысыры ӕппӕт куырыхонтӕй куырыхондӕр сси.


Мӕ кусджытӕ сӕ Ливанӕй денджызы былмӕ нылласдзысты, стӕй сӕ ӕз денджызыл тъиуибӕстытӕй бахӕццӕ кӕндзынӕн, кӕдӕм зӕгъай, уырдӕм, уым сӕ самайын кӕндзынӕн, ӕмӕ-иу сӕ ды уырдыгӕй алас. Ӕцӕг мын ды дӕр мӕ хъуыддаг араз, мӕ хӕдзарӕн мын ӕрвит хӕлц».


уӕд Гиези, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Елисейы лӕггадгӕнӕг, загъта йӕхицӕн: «Мӕ хицау уыцы арамейаг Нееманы лӕвӕрттӕ нӕ бакуымдта, фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕз ӕй хъуамӕ баййафон ӕмӕ дзы исты райсон».


Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Чи сфӕлдыста, паддзах Давидӕн ахӕм куырыхон фырты Чи радта, арфуынӕг зондӕй хайджын чи у, Дунедарӕгӕн Кувӕндон, йӕхицӕн та паддзахы галуан саразын чи сфӕнд кодта!»


Уый зонут, ӕмӕ Дунедарӕг фӕхъулон кӕны, ӕнувыд Ыл чи у, уыдоны. Ӕз Дунедарӕгмӕ куы скувын, уӕд мӕ Уый фехъусы!


Нӕ фӕстагӕттӕ, ӕрцӕуинаг фӕлтӕртӕ сӕ куыд зоной ӕмӕ сӕ уыдон дӕр сӕ сабитӕн куыд амоной сӕ рады.


Ӕз сфӕнд кодтон мӕхи бафӕлварын ирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ фарнӕй, фӕлӕ та загътон: «Уыдӕттӕн сӕ кой дӕр фесӕфдзӕн».


Мӕхинымӕр загътон: «Уӕдӕ ахӕм куырыхон цӕмӕн сдӕн? Мӕнмӕ дӕр ӕмӕ ӕдылымӕ дӕр иу фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы». Ӕмӕ та загътон: «Куырыхондзинад дӕр аивгъуыйы».


Ахӕм номдзыд, хъӕздыг ӕмӕ куырыхон лӕг Йерусалимы никуыма уыди.


Мӕхицӕн загътон: «Хуыцау рӕстудӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн, алцӕмӕн дӕр йӕхи афон ис».


Уый зӕгъы: „Стыр хӕдзар, уӕрӕх галуантӕ сараздзынӕн мӕхицӕн“. Йӕ рудзгуытӕ йын нӕзыхъӕдӕй ӕмӕ сырх ахорӕнтӕй саив кӕны.


Уайсахат ӕппӕт уыдӕттӕ Навуходоносорыл ӕрцыдысты. Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцыди, галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕхи ӕхсадта. Йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы систау разадысты, йӕ ныхтӕ та уыдысты маргъы ныхтау.


Хъӕбӕр хойраг, йӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасынмӕ чи арӕхсы, уыцы хъомылты у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan