Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 1:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Арвы бын цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм лӕмбынӕг куы ’ркастӕн, уӕд бамбӕрстон: алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Арвы бын цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм лӕмбынӕг куы ’ркастӕн, уӕд бамбӕрстон: алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 1:14
13 Iomraidhean Croise  

Алцӕмӕн дӕр кӕрон ӕрцӕуы, — зӕгъы Хуыцауы ныхас амонӕг, — алцыдӕр аивгъуыйы!


Ме ’ппӕт фӕллӕйттӕм ӕмӕ тухӕнтӕм иу хатт фӕстӕмӕ куы акастӕн, уӕд та, раздӕрау, загътон: «Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты, арвы бын сӕ ницы пайда ис».


Цард мын ӕнӕуынон сси. Лӕг зӕххыл йӕ хъару цӕуыл хардз кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр банымадтон ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу!


Хуыцауӕн фӕндиаг чи у, уымӕн зонд, куырыхондзинад ӕмӕ циндзинад ратты. Тӕригъӕдджынӕн дӕр кусын ӕмӕ йӕ къӕбицтӕ дзаг кӕныны зонд Хуыцау ратты, фӕлӕ искӕд бон йӕ фӕллӕйттӕ, Хуыцауы зӕрдӕ чи балхӕдта, уый къухмӕ ӕрхауынц. Ӕмӕ та уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, уыдон дӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты.


Уымӕн ӕмӕ сын иу фидӕн ис: фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр мӕлынц, иу уӕлдӕфӕй улӕфынц, адӕймаг фосӕй хуыздӕр ницӕмӕй у. Иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр фесӕфдзысты.


Лӕггад ын чи кӕндзӕн, уыцы адӕм змисӕй фылдӕр уыдзысты, фӕлӕ йын сӕ байзӕддӕгтӕ аргъ нӕ кӕндзысты. Ӕмӕ та уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты, уыдон дӕр, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


Ноджы ма федтон: адӕм кусынц ӕмӕ истӕуыл архайынц, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕй кӕнынц, уымӕн. Фӕлӕ уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


Фӕлтау дӕм армыдзаг исты уӕд ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕр, дыууӕ армыдзаджы тыххӕй амал кӕныны ӕмӕ дымгӕйы фӕдыл зилыны бӕсты!


Дӕ цӕстӕй цы уыныс, уый — хорз, истӕмӕ бӕллын — зӕрдӕйы сагъӕс. Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


Ӕз архайдтон куырыхон зондмӕ баххӕссыныл, мӕн фӕндыд, зӕххыл цытӕ цӕуы, лӕгӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ хуыссӕг кӕй тыххӕй фӕлидзы, уыцы хъуыддӕгтӕ бамбарын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan