Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Экклесиаст 1:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Лӕг арӕх истӕуыл бадис кӕны ӕмӕ фӕзӕгъы: «Уый ног цыдӕр у!» Фӕлӕ дзы уадиссагӕй ницы разыны. Диссаг ӕм цы фӕкаст, уый нӕ фыдӕлтӕ раджы федтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Лӕг арӕх истӕуыл бадис кӕны ӕмӕ фӕзӕгъы: «Уый ног цыдӕр у!» Фӕлӕ дзы уадиссагӕй ницы разыны. Диссаг ӕм цы фӕкаст, уый нӕ фыдӕлтӕ раджы федтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Экклесиаст 1:10
10 Iomraidhean Croise  

Кӕддӕр чи царди, уыцы фӕлтӕрты абоны фӕлтӕр нӕ хъуыды кӕны, фидӕны чи цӕрдзӕн, уыдон дӕр сӕ байзӕддагӕй ферох уыдзысты.


Цы уыди, уый уыдзӕн, цы ’рцыди, уыдӕттӕ та ’рцӕуынц, арвы бын ногӕй ницы ис.


Зондджын ӕдылыйӕ ӕмӕ зондцухӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый базонын мӕ бафӕндыд. Уыцы хъуыддӕгты паддзахӕн йӕхицӕй дарддӕр ничи ацӕудзӕн, искӕмӕн ӕй йӕ бон бафӕзмын у ӕрмӕстдӕр.


Цыдӕриддӕр хъуамӕ ӕрцӕуа, уый ныридӕгӕн бӕлвырд у; адӕймаг цы у, уый дӕр зындгонд у — йӕхицӕй тыхджындӕримӕ хӕцын йӕ бон нӕу.


Цин кӕнут ӕмӕ райут — уӕлӕрвты уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх: афтӕ уӕ размӕ пехуымпарты дӕр ӕфхӕрдтой.


Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.


Ианний ӕмӕ Иамврий Моисейы ныхмӕ куыд лӕууыдысты, афтӕ уыцы адӕймӕгтӕ дӕр сты ӕцӕгады ныхмӕ, сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕцӕг уырнындзинадимӕ сын иумӕйагӕй ницы ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan