3 Уӕхи хъарут кӕрӕдзиимӕ ӕмуд уӕвыныл, кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут.
Израилы адӕм дыууӕ дихы фесты. Сӕ иу ӕмбис паддзахӕй расидинаг уыдысты Гинаты фырт Тивнийы, иннӕ ӕмбис та — Амрийы.
Пӕлӕзы астӕуӕй уӕд къӕртт — сӕрыл ӕркӕнынӕн. Йӕ кӕрӕттыл уӕд фидар уӕфтӕджы уадздзаг хуыд, цӕмӕй ма скъуыйа.
Знаджы ныхмӕ дӕр дыууӕйӕ хӕцын ӕнцондӕр у, иунӕгыл та йе знӕгтӕ уӕлахиз кӕнынц; бӕндӕн ӕртӕ ӕндахӕй быд куы уа, уӕд тагъд нӕ аскъуындзӕн.
Паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ын ӕнӕ фехӕлгӕ нӕй;
Дӕттын уын ног фӕдзӕхст: уарзут кӕрӕдзийы. Ӕз уӕ куыд уарзын, афтӕ сымах дӕр кӕрӕдзийы уарзут.
Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы ӕмбарат ӕмӕ хицӕнтӕ ма кӕнат, фӕлӕ уат ӕнгом — ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд.
Ӕппынфӕстаг, ӕфсымӕртӕ, цин кӕнут, тырнут ӕнаипп уӕвынмӕ, кӕрӕдзийӕн ныфс ӕвӕрут, ут ӕмзонд, цӕрут фидыдӕй, ӕмӕ гъеуӕд уарзт ӕмӕ фарн дӕттӕг Хуыцау уыдзӕн уемӕ.
цалынмӕ не ’ппӕт дӕр нӕ уырнындзинады ӕмуд не суӕм, Хуыцауы Фырты нӕ базонӕм ӕмӕ Чырыстийау алцӕмӕй дӕр ӕххӕст нӕ уӕм, уӕдмӕ.
Уд иу у, буар дӕр — иу, Хуыцау уӕм цы зӕрдӕдарӕнмӕ фӕсидтис, уыйау.
Уарзут сӕ ӕмӕ сын уӕлдай аргъ кӕнут сӕ куысты тыххӕй. Кӕрӕдзиимӕ цӕрут фидыдӕй.
Архайут алкӕимӕ дӕр фидыдӕй цӕрыныл; тырнут уӕхи сыгъдӕгӕй дарынмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Бардарӕджы ничи фендзӕн.