Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Эфесӕгтӕм 2:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Мах дӕр кӕддӕр цардыстӕм уыдоны цардӕй, нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты фӕдыл цыдыстӕм, нӕ чъизи хъуыдытӕ ӕмӕ бӕллицты коммӕ кастыстӕм. Иннӕтау мах дӕр, не ’рдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ, уыдыстӕм, Хуыцауы азары аккаг чи уыдис, ахӕмтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Эфесӕгтӕм 2:3
54 Iomraidhean Croise  

Адамыл дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Шет. Шет уыд йӕ фыды халдих, цӕрмыстыгъд ӕй бакодта.


Дунедарӕг федта, адӕймаг бынтондӕр кӕй сӕлгъаг, йӕ сӕрызонды фыдбылызӕй дарддӕр кӕй ницыуал баззад, уый,


Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл.


Чъизи цы у, уырдыгӕй исчи сыгъдӕгӕй исты райсдзӕни? Ничи.


Адӕймаг Хуыцауы раз раст куыд уыдзӕн? Куыд уыдзӕн сыгъдӕг, сылгоймаг кӕй ныййардта, уый?


Фыддзинад дын хорз ракӕнынӕй — ӕхцондӕр, мӕнгдзинад та — раст ныхӕстӕ дзурынӕй.


Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым.


фӕлӕ сын ӕй зӕххон царды мӕт, мулчы бӕллиц ӕмӕ ӕндӕр ахӕм монцтӕ сӕ быны фӕкӕнынц, ӕмӕ пайда нӕ ратты.


Уыдон нӕдӕр тугӕй, нӕдӕр буары монцӕй, нӕдӕр зӕххон адӕймаджы фӕндӕй райгуырдысты — Хуыцауӕй рантыстысты.


Уӕ фыд хӕйрӕг у, ӕмӕ, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын уӕ фӕнды. Уый райдианӕй уыди лӕгмар, ӕмӕ йын ӕцӕгадимӕ иумӕйагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ йӕм нӕй ӕцӕгад. Уый мӕнг куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ кӕнон кӕны, уымӕн ӕмӕ у мӕнгард ӕмӕ мӕнгдзинады фыд.


Хуыцау рагзаманы адӕмтӕн лӕвӕрдта, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрыны бар.


Уыдон сӕхӕдӕг ӕлгъаг кӕнынц сӕ буар, ӕмӕ сӕ уымӕн ныууагъта Хуыцау сӕ зӕрдӕты чъизи монцты ӕвджид.


Сымах, муртаттӕгтӕ, кӕддӕр Хуыцауы коммӕ нӕ кастыстут, фӕлӕ уын уыдоны ӕнӕбасӕттоны тыххӕй ныр уый барст ӕрцыд,


Бардарӕг Йесо Чырысти суӕд уӕ хотых, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды ӕмӕ йӕ монцты фӕдыл ма цӕуат.


Муртаттӕгтӕн Ӕгъдау нӕй, фӕлӕ сӕ мидхъӕлӕсмӕ гӕсгӕ Ӕгъдауы домӕнтӕ куы феххӕст кӕнынц, уӕд сӕхӕдӕг сӕхицӕн ӕгъдау сты, кӕд сын Ӕгъдау нӕй, уӕддӕр.


Уымӕн ӕмӕ раздӕр Хуыцауы знӕгтӕ кӕм уыдыстӕм ӕмӕ Йӕ Фырты мӕлӕты фӕрцы Йемӕ кӕм бафидыдтам, уым нӕ уымӕй ноджы фылдӕр ныфс ис, мах, Хуыцауимӕ фидыд адӕм, кӕй фервӕздзыстӕм Йӕ Фырты царды фӕрцы!


Кӕд абон Йесойы Туджы фӕрцы сраст стӕм, уӕд нӕ уымӕй ноджы фылдӕр ныфс ис, Йӕ фӕрцы Хуыцауы азарӕй дӕр кӕй фервӕздзыстӕм!


Уӕдӕ уӕ мӕлӕтон буарӕн тӕригъӕд ма уӕд паддзах, цӕмӕй чъизи монцты коммӕ ма кӕсат.


Ӕз зонын: мӕ мидӕг, ома мӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды, хорзӕй ницы ис. Хорздзинад кӕнын мӕ фӕнды, фӕлӕ мын нӕ уайы.


Афтӕ Хуыцау дӕр — фӕндыд Ӕй Йӕ азар ӕмӕ Йӕ хъомыс равдисын, уӕддӕр тынг фӕразонӕй быхста, фесӕфынмӕ цӕттӕ чи уыд ӕмӕ Йӕ азар кӕуыл хъуамӕ ныккалдтаид, уыдонӕн.


Дӕу уӕлдӕр чи ӕвӕры? Цыдӕриддӕр дӕм ис, уый дын Хуыцауӕй лӕвӕрд нӕу, ӕви? Ӕмӕ дын кӕд Хуыцауӕй лӕвӕрд у, уӕд дӕхицӕй, цыма дӕхи у, афтӕ цы ӕппӕлыс?


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд ӕмӕ нын Хуыцау уыдӕттӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд бавдӕлӕм ӕмӕ, буар ӕмӕ уд цӕмӕй фӕчъизи вӕййынц, уыдӕттӕй нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, аргъуыцгӕнгӕ нӕхи снывонд кӕнӕм Хуыцауӕн.


Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст расидт, ӕппӕт дуне дӕр тӕригъӕды ахӕсты кӕй ис. Уӕдӕ, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы лӕвӕрд ӕрцӕуы уырнджытӕн.


Уыцы тӕригъӕдты аххосӕй цардыстут ацы дунейы уагыл, уӕлдӕфы ӕлдариуӕг чи кӕны ӕмӕ, Хуыцауы ныхмӕлӕуджыты фӕрцы ныр цы мон архайы, уымӕн коммӕгӕсӕй.


Сымах ахуыр кодтой уӕ раздӕры царды уаг ныууадзыныл, уӕ чъизи монцтӕ уӕ куы сайдтой ӕмӕ уӕ раууатмӕ куы тардтой, раздӕры уыцы цардӕй аздӕхыныл,


Кӕддӕр сымах дӕр Хуыцауӕн уыдыстут ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ Йе знӕгтӕ, ӕмӕ уый ӕвдыстат уе ’взӕр хъуыддӕгтӕй.


Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, чи амарди, уыдоны тыххӕй ӕмӕ, зӕрдӕдарӕн кӕмӕн нӕй, уыдонау хъынцъымы ма ӕфтат.


Уӕдӕ иннӕтау фынӕй ма кӕнӕм, фӕлӕ уӕм цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус.


Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдон та бахауынц къӕппӕджы, фӕлварӕнты, ӕмӕ фӕвӕййынц, бӕллӕх ӕмӕ бынсӕфтмӕ чи ӕркӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызы мондӕгты амӕттаг.


Мах нӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр уыдыстӕм ӕнӕмбаргӕ, хивӕнд, дзӕгъӕл адӕм, чъизи мондӕгтӕ ӕмӕ алы ирхӕфсӕнты цагъартӕ, уыдыстӕм фыдзӕрдӕ, хӕлӕггӕнаг, цъаммар, кӕрӕдзийӕ уыдтам не сӕфт.


Ут коммӕгӕс хъӕбултау — Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд уӕм цы монцтӕ уыди, уыдоны фӕдыл ма цӕут,


Сӕ цӕстытӕ агурынц хӕтаг сылгоймӕгты, тӕригъӕдӕй ӕфсис нӕ зонынц; сӕ къӕппӕджы бахауынц, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, ахӕмтӕ. Сӕ зӕрдӕтӕ систы кӕрӕф, уыдон ӕлгъыст сты,


Уыдон кӕнынц схъӕл ӕмӕ ницӕйаг ныхӕстӕ, чъизи монцты къӕппӕгӕй ахсынц, галиу фӕндагыл цӕуджытӕй нырма ӕрӕджы чи фӕхицӕн, ахӕмты.


Уымӕн ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис — тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцтӕ, цӕсты монцтӕ ӕмӕ хъал царды цӕстӕй кӕсын, — уыдон Фыдӕй ратгӕ не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ.


Ӕниу уӕм цы фыссын, уый ног фӕдзӕхст дӕр у — йӕ ӕцӕгад ӕвдыст ӕрцыд Чырыстийы цардӕй дӕр ӕмӕ уӕ цардӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ талынг фӕивгъуыйы, ӕмӕ ӕцӕг рухс ныридӕгӕн рухс кӕны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan