Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 9:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Уымӕй Сыгъдӕг Уд ӕвдисы, зӕгъгӕ, цалынмӕ раздӕры Уаз Цӕрӕн ис, уӕдмӕ ног Рухсмонуатмӕ фӕндаг гом нӕма у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 9:8
15 Iomraidhean Croise  

Махӕн нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты рагзамантӕ, Моисейы хабӕрттӕ, ӕмӕ ныдздзынӕзтам: «Денджызы хуылфӕй нӕ Йӕ адӕмы фыййауимӕ Чи ракодта, Уый цы фӕцис? Кӕм ис, Моисейы Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта,


Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта уд ӕмӕ буарӕй. Цалынмӕ йын Израилы адӕмы размӕ рацӕуыны афон нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ цардис ӕдзӕрӕг рӕтты.


Уӕд сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Ӕз дуар дӕн фыстӕн.


Ӕз дӕн дуар. Мӕн уылты чи бацӕуа, уый фервӕздзӕн — ӕдӕрсгӕ бацӕудзӕни мидӕмӕ, рацӕудзӕн ӕддӕмӕ ӕмӕ хизӕнуат ссардзӕни.


Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.


Иу хъуыды сӕм кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ хӕлиу кӕнын райдыдтой, ӕмӕ уӕд Павел сдзырдта: «Сыгъдӕг Уд хорз загъта нӕ фыдӕлтӕн пехуымпар Исайайы дзыхӕй:


Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртаттӕгты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта Фарны Уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ».


Уыйадыл мах, иудейӕгтӕ ӕмӕ муртаттӕгтӕ, иу Уды фӕрцы баиу стӕм ӕмӕ нӕ дыууӕтӕн дӕр Чырыстийы фӕрцы байгом ис фӕндаг Фыдмӕ.


Уый тыххӕй Сыгъдӕг Уд дӕр ӕвдисӕн лӕууы. Йӕ фыццаг ныхас у:


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Уд: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат,


Дыккаг ӕмбӕрзӕны фӕстӕ цы агъуыст уыдис, уый та хуынди Рухсмонуат.


уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan