Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 9:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уыди дзы сыгъзӕрин будсудзӕн ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ фӕрстӕ — сыгъзӕринӕй астӕрд, йӕ мидӕг — сыгъзӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уыдон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 9:4
26 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг нын нӕ фыдӕлты Мысырӕй куы ракодта, уӕд семӕ бафидыдта, ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ цы Фидыды Чырыны ӕвӕрд сты, уымӕн ацы Кувӕндоны скодтон бынат.


Мидӕмбӕрзӕн ӕрцауындз къӕпсыртыл ӕмӕ йын Фидыды Чырын сӕвӕр йӕ фӕстӕ. Уыцы мидӕмбӕрзӕн уыдзӕни Рухсмонуат ӕмӕ Уаз бынаты ’хсӕн ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕндзӕни.


Хуыцау Синайы хохыл Йӕ ныхас куы фӕци Моисеимӕ, уӕд ӕм радта Фидыды дыууӕ къӕйдуры, Йӕхи къухӕй фыст фӕдзӕхстытимӕ.


Моисей фӕзылд ӕмӕ дӕлӕмӕ фӕуырдыг кодта. Йӕ къухты хаста Фидыды дыууӕ къӕйдуры — дыууӕрдыгӕй дӕр сыл фыстытӕ.


Моисей ӕрхызти Синайы хохӕй, йӕ къухты — Фидыды дыууӕ къӕйдуры. Нӕ зыдта, Хуыцауимӕ ныхасгӕнгӕйӕ йӕ цӕсгом тӕмӕнтӕ калын кӕй байдыдта, уый.


Бецалел акъацийӕ сарӕзта будсудзӕн нывондхӕссӕн. Уый уыд раст цыппаркъуымон — ӕлмӕрины йас дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд та — дыууӕ ӕлмӕрины. Цы сыкъатӕ йын скодта, уыдон нывондхӕссӕнимӕ уыдысты иу.


Фидыды Чырын, йӕ хӕссӕн хъилтӕ, йӕ сӕр,


Бахӕсс Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ мидӕмбӕрзӕнӕй сӕхгӕн.


уӕд-иу, Дунедарӕджы раз цы нывондхӕссӕн ис, уый цӕхӕрӕй райсӕд будсудзӕны дзаг, йӕ дыууӕ армыдзаджы та — фӕхты хост буд ӕмӕ-иу сӕ мидӕмбӕрзӕны уылты бахӕссӕд.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Аароны лӕдзӕг Фидыды Чырыны раз сӕвӕр, уадз ӕмӕ уым ӕфснайд уа — хивӕнд адӕймӕгтӕн ӕвдисӕйнагӕн. Афтӕмӕй сын сӕ хъуыр-хъуырӕн кӕрон скӕндзынӕ, ӕмӕ нал бабын уыдзысты».


Кӕцы лӕдзӕг равзарон, уый цъӕх адардзӕн — Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй израилӕгтӕ уӕ ныхмӕ мауал змӕнтой».


Дыккаг бон бацыди Моисей Фембӕлды Цатырмӕ, кӕсы, ӕмӕ Аароны лӕдзӕг, Левийы мыггаджы лӕдзӕг, цъӕх адардта, дидинӕг акалдта, ӕмӕ йе ’хсӕртӕ сцӕттӕ сты.


Дыууиссӕдз боны ӕмӕ мын дыууиссӕдз ӕхсӕвы фӕстӕ Дунедарӕг радта дыууӕ къӕйдуры, фидыды къӕйдуртӕ.


Ӕз хохмӕ ссыдтӕн, цӕмӕй къӕйдуртӕ райсон — Дунедарӕг уемӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыды къӕйдуртӕ. Дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы арвыстон, хор ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, афтӕмӕй.


Ӕмӕ уӕларвы байгом ис Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынди Йӕ Фидыды Чырын. Арв нырттывта, ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ стыр их ныууарыд.


Ӕрбацыд ӕндӕр зӕд сыгъзӕрин будсудзӕнимӕ ӕмӕ ӕрлӕууыд нывондхӕссӕны раз. Бирӕ буд ын лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй йӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты куывдтытимӕ ӕрӕвӕра, паддзахы бадӕны раз цы сыгъзӕрин нывондхӕссӕн уыди, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan