27 Адӕймагӕн иу хатт амӕлын, стӕй та тӕрхоны раз ӕрлӕууын куыд ӕмбӕлы,
Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид, цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл».
Мӕлӕтӕй нын алидзӕн нӕй. Зӕхмӕ цы дон ӕркӕлы, уымӕн фӕстӕмӕ сисӕн нал ис. Хуыцауы искӕй уд фесафын нӕ фӕнды, хъодыгондыл дӕр Йӕхи куыннӕ атигъ кӕна, ууыл мӕт кӕны.
Кӕд адӕймагӕн йӕ царды бонтӕ нымад сты, кӕд Дын йӕ мӕйтӕ дӕр барст сты, ӕмӕ йын уыцы арӕны сӕрты ахизӕн нӕй,
Ӕз зонын: цардӕгас у мӕ Ирвӕзынгӕнӕг. Фӕстагмӕ Уый сыджыты сӕрмӕ ’рлӕудзӕн,
Зонын ӕй, маргӕ мӕ кӕныс, удӕгӕстӕ иууылдӕр кӕдӕм бацӕуынц, уырдӕм у мӕ фӕндаг.
Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн алы хъуыддагӕн, уыимӕ — сусӕг хъуыддӕгтӕн, хорзӕй, ӕвзӕрӕй.
уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.
райгуырынӕн ӕмӕ амӕлынӕн; тауынӕн ӕмӕ, цы ныссагъдӕуыд, уый ӕд уидӕгтӕ срӕдувынӕн;
Фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр уыцы иу ранмӕ цӕуынц: удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр сыджытӕй равзӕрдысты ӕмӕ сыджытыл бафтдзысты.
Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.
Удӕгӕстӕ, кӕй амӕлдзысты, уый зонынц, мӕрдтӕ та ницы зонынц. Лӕг йӕ куыстӕй цы хӕрзиуӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕмӕй ницыуал райсдзысты, уымӕн ӕмӕ ферох сты.
Се ’ппӕты фӕстӕ амарди сылгоймаг дӕр.
Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы „дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон рахӕссыны бон“. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».
Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.
Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕд, ӕмӕ уыцы тӕригъӕдимӕ — мӕлӕт. Афтӕмӕй мӕлӕтӕн йӕ бар цӕуын райдыдта ӕппӕт адӕмыл, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр тӕригъӕды бацыдысты.
Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.
Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцӕуа, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ.
Хуыцауы раз, стӕй, Йӕ паддзахы бартимӕ Чи ӕрцӕудзӕн ӕмӕ удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон Чи кӕндзӕн, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийы раз дын фидарӕй фӕдзӕхсын:
ӕмӕ нын ӕрмӕстдӕр баззади тӕрхонмӕ, стӕй, Хуыцауы ныхмӕлӕуджытӕ мыггагмӕ цы ӕвирхъау арты амӕттаг фӕуыдзысты, уымӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын.
алыхуызон аргъуыдтыл, къухтӕ ӕрӕвӕрыныл, мӕрдты райгасыл ӕмӕ мыггагмӕйы тӕрхоныл.
Уарзондзинад нӕ зӕрдӕты цӕры афтӕ ӕххӕстӕй, ӕмӕ ныфсджын уыдзыстӕм Тӕрхоны Бон, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕм, Чырысти куыд царди, афтӕ.
цӕмӕй ӕнӕхуыцӕуттӕй алкӕмӕн дӕр стӕрхон кӕна, хурмӕ сын рахӕсса се ’нӕхуыцау митӕ ӕмӕ, Йӕ ныхмӕ кӕй дзырдтой, ӕппӕт уыцы къӕйных ныхӕстӕ».
Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.