22 Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕппӕт дӕр сыгъдӕггонд цӕуы тугӕй, ӕмӕ, туг куынӕ ныккӕла, уӕд хатыр нӕй.
Ӕмӕ мын уый загъта: «Адӕймаджы фырт! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: мӕнӕ нывондхӕссӕны уагӕвӕрдтӕ, куы йӕ саразой ӕмӕ йыл иууылсудзинӕгтӕ хӕссын ӕмӕ нывӕндты туг пырх кӕнын куы райдайой, уыцы бонмӕ.
Сауджын фиддоны нывонды тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы сыгъдӕггӕнинагӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз.
Фыргуисты аргӕвдӕд фиддоны нывондӕн, уый фӕстӕ йын йӕ тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы, сыгъдӕг кӕй кӕны, уымӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз.
Удӕгас маргъы та райсӕд ӕмӕ йӕ кедры лыггаг, сырх гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхосимӕ, доны сӕрмӕ кӕй аргӕвстой, уыцы маргъы туджы стулӕд.
уымӕн ӕмӕ алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ цард йӕ туджы ис, ӕмӕ Ӕз туг снысан кодтон нывондхӕссӕнӕн, цӕмӕй-иу йӕ фӕрцы ссыгъдӕг уат уӕ тӕригъӕдтӕй. Цард туджы ис, ӕмӕ тӕригъӕдтӕ барст йӕ фӕрцы цӕуынц.
Ацы галӕн дӕр, тӕригъӕды нывондӕн цы гал ӕрхӕссынц, уымӕн цы ’мбӕлы, ӕппӕт уыдӕттӕ бакӕнӕд. Афтӕмӕй алчер сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ сын уӕд уыдзӕни барст.
Кусартӕн йӕ нӕрдтӕ та нывондхӕссӕныл басудзӕд, фидыды нывонды нӕрдтӕ куыд басудзынц, афтӕ. Уыйадыл сауджын тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ хицауӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.
Уый фӕстӕ сауджын нывондӕн йӕ нӕрдтӕ иууылдӕр рахицӕн кӕнӕд, фидыды нывондӕн куыд бакӕнынц, афтӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд Дунедарӕджы номыл. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уӕд уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.
Дыккаг маргъы та сауджын, куыд ӕмбӕлы, афтӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕссӕд. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.
Кӕд йӕ къух нӕ амона дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны нывондӕн ӕрхӕссын, уӕд тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн нывондӕн ӕрбахӕссӕд хуын — мӕнӕуы ссад, ефӕйы дӕсӕймаг хай. Ӕрмӕст ыл уӕлейӕ оливӕйы сой ма ӕркӕнӕд ӕмӕ йыл буд ма сӕвӕрӕд, уымӕн ӕмӕ уый тӕригъӕды нывонд у.
Ӕрбахӕссӕд ӕй сауджынмӕ, ӕмӕ дзы уый армыдзаг сисӕд, нывондхӕссӕныл ӕй басудзӕд Дунедарӕджы номыл, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у тӕригъӕды нывонд.
Ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йын йӕ аргъ сауджынӕн бафидӕд — фиддоны нывондӕн. Сауджын уыцы адӕймаджы тыххӕй сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ, ӕнӕрхъуыдыйӕ цы сарӕзта, уый йын уыдзӕни барст.
Сауджын Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ, цӕмӕйдӕриддӕр фӕазымджын ис, уыдон ын уыдзысты барст».