21 Уыцы тугӕй бапырх кодта Уаз цатырыл дӕр, стӕй дзы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн цы дзаумӕттӕ уыдис, уыдоныл дӕр.
Моисей тугӕн йӕ иу ӕмбис ныккодта къусты, йӕ иннӕ ӕмбис та йын бапырх кодта нывондхӕссӕныл.
стӕй йын йӕ тугӕй де ’нгуылдзыл сис ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ ацахор, иннӕ туг та иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акал.
Ды-иу ӕй аргӕвд ӕмӕ йын йӕ тугӕй ацахор Аарон ӕмӕ йӕ фыртты рахиз хъусты ӕлгътӕ, стӕй сӕ рахиз къухты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ сӕ рахиз къӕхты хистӕр ӕнгуылдзтӕ. Иннӕ туг-иу нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бакал.
Алы бон дӕр-иу се ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй гал аргӕвд тӕригъӕды нывондӕн. Ӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау дӕр ӕмӕ-иу ӕй байсӕрд — срухс ӕй кӕныны охыл.
Райс сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы байсӕрд Цатыр, уыимӕ, Цатыры цыдӕриддӕр ис, уыдон ӕмӕ Дунедарӕгӕн снывонд кӕн Цатырӕн йӕхи дӕр, стӕй йе ’ппӕт дзауматӕ дӕр, ӕмӕ уӕд уаз уыдзысты.
Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын йе ’нгуылдзыл систа ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста, цӕмӕй нывондхӕссӕн срухс кӕна. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалдта. Афтӕмӕй, тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кодта.
Моисей йӕ аргӕвста ӕмӕ йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кодта.
Уый фӕстӕ Аарон адӕмы номӕй фидыды нывондӕн аргӕвста гал ӕмӕ фыр. Йӕ фырттӕ йӕм кусӕртты туг балӕвӕрдтой, ӕмӕ дзы уый нывондхӕссӕн алырдыгӕй бапырх кодта.