Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 9:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уымӕ гӕсгӕ фыццаг фидыд дӕр йӕ тыхы ӕнӕ тугӕй нӕ бацыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 9:18
8 Iomraidhean Croise  

Стӕй-иу райсут иссопы баст, стулут ӕй, мигӕнӕны цы туг уа, уым ӕмӕ дзы бапырх кӕнут уӕлкъӕсӕр ӕмӕ дуары дыууӕ тарвазы. Райсоммӕ уӕ йӕ къӕсӕрӕй ӕддӕмӕ мачи рахизӕд.


Уый фӕстӕ ӕрбахуыдта Аароны фыртты ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ рахиз хъусты кӕрӕттӕ, сӕ рахиз къухты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ сӕ рахиз къӕхты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ацахуырста, стӕй нывондхӕссӕн алырдыгӕй тугӕй бапырх кодта.


уӕд цас тыхджындӕр у, ӕнусон Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй — ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ лӕггад кӕндзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.


Уымӕн ӕмӕ ныстуан йӕ тыхы ӕрмӕстдӕр, йӕ саразӕг куы амӕлы, уӕд бацӕуы; цалынмӕ удӕгас уа, уӕдмӕ йын ницы тых ис.


Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдауы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр Моисей ӕппӕт адӕмӕн куы фехъусын кодта, уӕд райста родты ӕмӕ сӕгъты туг донимӕ, стӕй сырх къуымбил, иссоп, ӕмӕ дзы бапырх кодта Ӕгъдауы чиныгыл дӕр ӕмӕ адӕмыл дӕр.


Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕппӕт дӕр сыгъдӕггонд цӕуы тугӕй, ӕмӕ, туг куынӕ ныккӕла, уӕд хатыр нӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan