Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 9:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Уыцы нывӕндтӕ ӕрмӕстдӕр хӕрды, нозты ӕмӕ буар ссыгъдӕджы ӕгъдӕуттимӕ баст сты, буармӕ чи хауы, ахӕм домӕнтӕ; уыдон ӕххӕстгӕнинаг уыдысты, цалынмӕ хуыздӕр уагӕвӕрд нӕ фӕзынди, уӕдмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 9:10
32 Iomraidhean Croise  

Аарон ӕмӕ йӕ фыртты ӕрбакӕн Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕмӕ сӕ донӕй ӕрӕхс.


Аарон ӕмӕ йӕ фыртты ӕрбакӕн Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕмӕ сӕ донӕй цӕхс.


Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз мӕхи никуыма фӕчъизи кодтон. Нӕдӕр холы, нӕдӕр, сырдтӕ кӕй ныттыдтой, ахӕм дзидза никуы бахордтон ме ’взонгӕй нырмӕ. Ницы чъизи фыд схастон мӕ дзыхмӕ».


Дарӕс, хъуымац кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайӕн йӕ ныхсыны фӕстӕ йӕ тӕпп куы фесӕфа, уӕд уыцы дзаума дыккаг хатт ныхсын хъӕудзӕн, ӕмӕ уыдзӕни сыгъдӕг».


Стӕй-иу йӕхи Уаз бынаты цынайӕд, скӕнӕд йе ’рвылбоны дарӕс, ӕддӕмӕ рацӕуӕд ӕмӕ ӕрхӕссӕд иууылсудзинаг нывӕндтӕ: иу — йӕхи тыххӕй, иннӕ та — адӕмы тыххӕй. Афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд йӕхи тӕригъӕдтӕ, стӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.


Йӕ уӕлӕ-иу скӕнӕд уаз хӕдон ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф, йӕ астӕуыл ӕрбабӕттӕд рон, йӕ сӕрыл та-иу сарыхъ ӕркӕнӕд, се ’ппӕт дӕр — гӕн хъуымацӕй. Уыдон уаз дарӕс сты, ӕмӕ-иу се скӕныны размӕ йӕхи цынайӕд.


— уыдӕттӕй истӕуыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Цалынмӕ йӕхи нӕ цынайа, уӕдмӕ йын кувинӕгтӕй хӕрыны бар нӕй.


уӕд хъуамӕ сӕн ӕмӕ махсымӕйӕ йӕхи хиза, сӕны дзмари ӕмӕ махсымӕйы дзмаримӕ хӕстӕг ма цӕуа, сӕнӕфсирӕй конд нозтытӕй макӕцы нуаза, сӕнӕфсир ӕмӕ сӕнӕфсиры хус йӕ дзыхмӕ ма хӕсса.


Базарӕй ӕрбацӕугӕйӕ дӕр, цалынмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕхиуыл дон ӕркалой, уӕдмӕ нӕ бахӕрынц. Уымӕй уӕлдай ма сын ахсджиаг сты бирӕ ӕндӕр уагӕвӕрдтӕ: ӕхсынц къустӕ, дурынтӕ ӕмӕ ӕрхуы мигӕнӕнтӕ.


Ныр та, Хуыцауы куы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, Хуыцау уӕ куы базыдта, уӕд ногӕй цӕмӕн здӕхут дунейы уыцы ӕдых ӕмӕ ницӕйаг ӕгъдӕуттӕм? Цӕмӕн уӕ фӕнды, ӕмӕ уыдонӕн ногӕй цагъартӕ уат?


афон куы ралӕууа, уӕд, арв ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, ӕппӕт уыдон баиу кӕндзӕни Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы, Уый сӕ сӕргъы уыдзӕни, афтӕмӕй.


аивта Ӕгъдау йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтимӕ, цӕмӕй Йемӕ баиуы фӕрцы дыууӕ адӕмӕй сараза иу ног адӕм


Хӕстӕгдӕр сахары хистӕртӕ, доны раз цы дыгӕрдыджы бӕрзӕй асастой, уый сӕрмӕ сӕ къухтӕ цӕхсӕнт


изӕрӕрдӕм хъуамӕ йӕхи ӕрӕхса, ӕмӕ йын хурныгуылды фӕстӕ рӕсӕнуатмӕ бацӕуӕн уыдзӕн.


Уӕдӕ уын мачи тӕрхон кӕнӕд, цы хӕрут ӕмӕ цы нуазут, стӕй исты бӕрӕгбон, мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат кӕй нӕ бӕрӕг кӕнут, уый тыххӕй.


ӕмӕ уӕдӕ хӕстӕгдӕр бацӕуӕм уырдӕм ӕнувыд зӕрдӕ ӕмӕ фидар уырнындзинадимӕ — сыгъдӕггонд ӕрцыдысты хӕрамӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сыгъдӕг донӕй ӕрӕхсадӕуыд нӕ буар.


Алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ уӕ сӕ фӕдыл ма асайӕнт. Уӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕнын хорз у, хӕрын цы ӕмбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уыцы уагӕвӕрдтӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхӕй. Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдонӕн дӕр ницы пайда ӕрхастой.


Цы фидӕны дун-дунейы кой кӕнӕм, уый Хуыцау зӕдты дӕлбар нӕ бакодта.


алыхуызон аргъуыдтыл, къухтӕ ӕрӕвӕрыныл, мӕрдты райгасыл ӕмӕ мыггагмӕйы тӕрхоныл.


Хуыцауы ныхас куыд арфӕйаг у, уый чи бамбӕрста, фидӕны дунейы тых чи банкъардта


Сауджынты лӕггад ӕндӕрӕй куы баивдӕуа, уӕд Ӕгъдау дӕр хъуамӕ ӕнӕмӕнг баивдӕуа.


Ӕмӕ Уый Алчер сси, бӕлвырд хӕдзарвӕндагӕй рацӕуын чи домдта, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ ӕнӕфӕугӕ царды хъомысӕй.


Фыццаг фидыдӕн уыди йӕхи уазлӕггады ӕгъдӕуттӕ, стӕй йӕхи кувӕндон — зӕххон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan