Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 8:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Фӕлӕ Йесойӕн цы лӕггад уыди Йӕ бар, уый уыдоны лӕггадӕй уӕлдӕр у, уымӕн ӕмӕ Йесо хуыздӕр Фидыды Ӕхсӕнылӕг у — уыцы Фидыд хуыздӕр зӕрдӕвӕрды бындурыл ӕнцайы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 8:6
13 Iomraidhean Croise  

Сионмӕ агурдзысты фӕндаг, се ’ргом ӕм раздахдзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ацӕуӕм ӕмӕ Дунедарӕгимӕ, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕнусон фидыдӕй баиу уӕм“.


Ӕхсӕвӕры фӕстӕ сӕны кӕхц дӕр райста ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у Ног Фидыд — уый фидаргонд цӕуы, сымах сӕраппонд чи ныккӕлдзӕни, Мӕ уыцы Тугӕй.


Уыдон израилӕгтӕ сты; Хуыцау сӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ скодта, Йӕ кад сын раргом кодта, семӕ фидыдтӕ сарӕзта, радта сын Ӕгъдау, Хуыцаумӕ кувыны уаг, зӕрдӕтӕ сын бавӕрдта.


Уӕды заман сымах цардыстут ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕндӕрбӕстаг уыдыстут, израилаг адӕмӕн — ӕцӕгӕлон. Хуыцау Йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонмӕ сымах ницы бар дардтат. Сымах а дунейы цардыстут ӕнӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр — иу Ӕхсӕнылӕг ис, Адӕймаг Йесо Чырысти.


ӕмӕ мыггагмӕйы цардыл зӕрдӕ дарынмӕ. Ахӕм цардӕй суанг дуне сфӕлдисыны размӕ ныфс бавӕрдта, Йӕ дзырд Чи нӕ сайы, уыцы Хуыцау,


Ног Фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ — Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры.


Афтӕмӕй Йесо сси хуыздӕр Фидыдӕн йӕ цӕджындз.


Афтӕмӕй махӕн, аргъ дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм хорзӕхтӕй зӕрдӕ бавӕрдӕуыд, цӕмӕй уый фӕрцы сымах Хуыцауы ӕрдзыхъӕдӕй схайджын уат ӕмӕ ацы дунейы тӕригъӕдджын монцты аххосӕй ма фесӕфат.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan