Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 8:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уыдон лӕггад кӕнынц, уӕларвы цы ис, уымӕн ӕрмӕстдӕр йӕ фӕлгонц ӕмӕ йӕ аууон чи у, уыцы Уаз Цӕрӕны — Моисей Цатыр аразынмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ын Хуыцау куыд загъта, афтӕ: «Хъусыс, хохыл дын кӕй равдыстӕуыд, уый халдих куыд уа, ӕппӕт дӕр афтӕ сараз».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 8:5
18 Iomraidhean Croise  

ноджы ма йӕм цы саразыны фӕндтӕ уыди, уыдӕтты хахныв дӕр: Дунедарӕджы хӕдзары кӕртытӕн, йӕ алыварс ӕппӕт хатӕнтӕн, Хуыцауы хӕдзары хӕзнадӕттӕн ӕмӕ уаз хӕзнаты ӕвӕрӕнтӕн.


Адӕттӕ се ’ппӕт дӕр фыст сты Дунедарӕджы амындтыты хыгъды — Йӕхӕдӕг бацамыдта, алцыдӕр куыд аразгӕ у, уый.


Хъусыс, хохыл дын кӕй равдыстӕуыд, уый халдих куыд уа, ӕппӕт дӕр афтӕ сараз.


Скӕнут Мын Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт дзауматӕ, Ӕз дын цы хуызӕг равдисдзынӕн, уымӕ гӕсгӕ.


Цатыр ӕрӕвӕр, хохы сӕр дын амынд куыд ӕрцыди, афтӕ.


Нывондхӕссӕн сараз фӕйнӕгӕй, мидӕгӕй афтид куыд уа, афтӕ. Саразын ӕй хъӕуы, хохыл дын куыддӕриддӕр равдыстӕуыд, афтӕ.


Цырагъдарӕн та ӕнӕхъӕнӕй дӕр сыгъзӕринӕй конд уыди, йӕ зӕнгӕй йӕ сыфты онг — сыгъзӕрин цагъд; Дунедарӕг ын цы хуызӕг фенын кодта, уый халдихӕн сарӕзта Моисей цырагъдарӕн.


Фыны сын, Иродмӕ мауал раздӕхут, зӕгъгӕ, фӕдзӕхст кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ сӕ бӕстӕм аздӕхтысты ӕндӕр фӕндагыл.


Нӕ фыдӕлтӕм ӕдзӕрӕг быдыры уыди Уаз Цӕрӕн. Моисей йӕ сарӕзта Хуыцауы амындтытӕм ӕмӕ, цы хуызӕг ын равдыста, уыдонмӕ гӕсгӕ.


Уыдӕттӕ, фидӕны цы хъуамӕ ӕрцӕуа, уымӕн йӕ фӕлгонц йеддӕмӕ ницы сты, ӕцӕгдзинад та Чырысти у.


Фидӕны хорзӕхтӕн Ӕгъдау у ӕрмӕстдӕр сӕ фӕлгонц — уый ӕцӕг хорзӕх нӕу. Уымӕ гӕсгӕ Ӕгъдауы бон уый нӕу, ӕмӕ, афӕдзӕй-афӕдзмӕ уыцы иудадзыг нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдоны ӕнаипп фестын кӕна.


Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл.


Уӕдӕ кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕ байхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не ’ргом куы аздахӕм, уӕд.


Махӕн ис, Уаз цатыры лӕггадгӕнджытӕн хӕрыны бар кӕцӕй нӕй, ахӕм нывондхӕссӕн.


Уаз Цӕрӕн фӕсномыгӕй абонмӕ амоны: Хуыцауӕн цы хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссынц, уыдон се ’рхӕсджыты ӕфсармы тӕрхонӕй фервӕзын кӕнынӕн ницы ахъаз сты.


Намӕ нын куы бауайдзӕф кӕной, уӕд сын раттын хъӕудзӕн ахӕм дзуапп: „Уынут Дунедарӕджы нывондхӕссӕны халдих? Уый нӕ фыдӕлтӕ иууылсудзинӕгтӕн ӕмӕ кусӕрттаг нывӕндтӕ хӕссынӕн нӕ сарӕзтой, фӕлӕ мах ӕмӕ сымах ӕхсӕн ӕвдисӕнӕн“.


Уый фӕстӕ ӕз федтон: уӕларвы байгом ис Кувӕндон — Сыгъдӕг Цатыр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan