Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 7:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Уыимӕ, дӕсӕймаг хай чи исы, Левийы уыцы байзӕддӕгтӕ ӕнӕмӕлгӕ не сты, Мелхиседекы тыххӕй та Сыгъдӕг Фыст зӕгъы, удӕгас у, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 7:8
12 Iomraidhean Croise  

Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ дуне нал фендзӕни Мӕн, сымах та Мӕ фендзыстут, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕрын, ӕмӕ сымах дӕр цӕрдзыстут.


Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы хъӕлӕс чи фехъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ Йӕ ныхмӕ сыстадысты. Моисей Мысырӕй кӕй ракодта, уыдон нӕ уыдысты, мыййаг?


Ӕндӕр ран дӕр ма куыд загъд у, афтӕ: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».


Мелхиседекы хуызӕн Алчер мыггагмӕ Чи сси, уыцы Йесо нӕ сӕраппонд фӕндагамонӕгӕй кӕдӕм бацыди, уырдӕм.


Стӕй иннӕ алчертӕ бирӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ дзы мӕлӕт никӕмӕн лӕвӕрдта мыггагмӕ алчерӕй баззайыны фадат.


Хуыцауы арфӕ кӕуыл бафтыдӕуы, уымӕй арфӕгӕнӕг уӕлдӕр кӕй у, уый та гуырысхойаг никӕмӕн у.


Ис афтӕ зӕгъӕн дӕр: Авраам дӕсӕймаг хай Мелхиседекӕн куы радта, уӕд ма йын ӕй уыимӕ радта, дӕсӕймаг хай Израилы кӕй байзӕддӕгтӕ исынц, уыцы Левий дӕр.


Адӕймагӕн иу хатт амӕлын, стӕй та тӕрхоны раз ӕрлӕууын куыд ӕмбӕлы,


дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, фӕлӕ мӕнӕ цардӕгас дӕн мыггагӕй-мыггагмӕ! Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan