Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 7:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Хуыцауы арфӕ кӕуыл бафтыдӕуы, уымӕй арфӕгӕнӕг уӕлдӕр кӕй у, уый та гуырысхойаг никӕмӕн у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 7:7
16 Iomraidhean Croise  

Гъе уыдон сты Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы. Гъе ахӕм арфӕтӕ сын ракодта сӕ фыд, алкӕмӕн дӕр — сӕрмагондӕй.


Давид сӕхимӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд ӕй фӕндыди йӕхи хӕдзарӕн дӕр арфӕ ракӕнын. Саулы чызг Мелхолӕ йӕ размӕ рауад ӕмӕ загъта: «Куыд фесгуыхти абон Израилы паддзах! Ӕдылыйау йӕ цагъарты унӕутты раз йӕхи куыд сбӕгънӕг кодта!»


ӕмӕ Израилы дзыллӕйӕн хъӕрӕй раарфӕ кодта:


Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ адӕмӕн арфӕтӕ кодтой, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ куывд айста, уымӕн ӕмӕ сӕ куывд ссыди уӕларвмӕ, Йӕ уаз цӕрӕнмӕ.


«Ӕрыхъус, арв, ӕз дын цы зӕгъон, уымӕ; ӕрыхъус, зӕхх, мӕ ныхасмӕ:


Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары, Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ.


Мелхиседек та Левийы хӕдзарвӕндагӕй нӕ уыди, фӕлӕ райста дӕсӕймаг хай Авраамӕй — Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уымӕй — ӕмӕ йыл арфӕ бафтыдта.


Уыимӕ, дӕсӕймаг хай чи исы, Левийы уыцы байзӕддӕгтӕ ӕнӕмӕлгӕ не сты, Мелхиседекы тыххӕй та Сыгъдӕг Фыст зӕгъы, удӕгас у, зӕгъгӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan