Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 7:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 7:26
39 Iomraidhean Croise  

Дӕ цагъарӕй Де ’ргом ма аздах, батагъд кӕн ӕмӕ мын дзуапп ратт — уымӕн ӕмӕ тынг тыхст дӕн!


Сараз уадздзаг сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕмӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ йыл скъах: „Дунедарӕджы уаз хай“.


Куы амарди, уӕд Ӕй ӕнаккӕгтимӕ, фыдгӕнджытимӕ иу ран хъуамӕ баныгӕдтаиккой, кӕд фыдгӕнӕг нӕ уыд, кӕд Йӕ дзыхӕй мӕнг ныхас дӕр никуы схауди, уӕддӕр.


Ӕмӕ мидӕггаг кӕртмӕ, Кувӕндоны сауджынлӕггад кӕнынмӕ, цӕуинаг цы бон уа, уыцы бон-иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывонд, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Фӕндзӕм бон — фараст уӕныджы, дыууӕ фыры, цыппӕрдӕс нӕлгуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.


Уымӕн ӕмӕ зыдта, Йесойы йын йӕ къухмӕ сӕ фыр хӕлӕгӕй кӕй радтой, уый.


Уыдӕттӕ зӕгъыны фӕстӕ Бардарӕг Йесо уӕларвмӕ Йӕхи систа ӕмӕ уым Хуыцауы рахизфарс ӕрбадти.


Зӕд ын дзуапп радта: «Сыгъдӕг Уд дыл Йӕхи ӕруадздзӕн, Дунедарӕджы тых дӕ бакӕндзӕни йӕ дӕлбазыр. Афтӕмӕй дӕ цы Хъӕбул райгуыра, Уый уыдзӕни сыгъдӕг, ӕмӕ Йӕ схондзысты Хуыцауы Фырт.


Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕры ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕты аккаг цы у, ахӕмӕй Йӕм ӕз ницы ссардтон. Ехсӕй Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн».


Махӕн раст бакодтой — нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ у нӕ тӕрхон, фӕлӕ уый ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта».


Цы ӕрцыди, уый сӕдӕйыхицау куы федта, уӕд, Хуыцауӕн кад кӕнгӕйӕ, загъта: «Ацы Адӕймаг ӕнӕмӕнг рӕстгӕнӕг уыди».


Чырысти цӕмӕй Йӕ кады бӕрзӕндмӕ схиза, уый тыххӕй Йын ӕппӕт уыцы хъизӕмӕрттӕ бавзаринаг нӕ уыдысты, ӕви?»


ӕмӕ загъта: «Фыст ис, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид, зӕгъгӕ.


Уемӕ Мын бирӕ дзурыны рӕстӕг нал ис, уымӕн ӕмӕ ӕрбаввахс ис ацы дунейы ӕлдар. Мӕныл йӕ бар нӕ цӕуы,


Мӕ Рарвитӕг Мемӕ ис, иунӕгӕй Мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон цы у, Ӕз кӕддӕриддӕр уый кӕнын».


Сыгъдӕгыл ӕмӕ Рӕстгӕнӕгыл уӕхи атигъ кодтат ӕмӕ бахатыдыстут, цӕмӕй уын суӕгъд кӕной лӕгмары,


Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕрбамбырд сты ацы сахары Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттӕгтӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ Дӕ байсӕрст сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ,


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


Фырт у Хуыцауы кады тӕмӕн; Фырт у Фыды халдих. Фыртӕн ӕппӕтыл дӕр Йӕ бон цӕуы Йӕ хъомысджын дзырдӕй. Нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ, Уый цытджын бӕрзӕндты ӕрбадти Дунедарӕджы рахизфарс


уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, худинаг ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй амарди дзуарыл ӕмӕ ныр «бады Хуыцауы рахизфарс».


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕмӕй рацыд, Йӕ хъӕбултӕй бирӕтӕм Йӕ кады Чи раргом вӕййы, Уый хъуамӕ алцӕмӕй дӕр скодтаид ӕххӕст сӕ ирвӕзындзинады Фӕтӕджы, хъизӕмӕрттӕ Йын бавзарын кӕнгӕйӕ.


Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.


Уӕдӕ, Уӕларвӕй кӕмӕ фӕсидтысты, мӕ уыцы сыгъдӕг ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдӕ саразут Хуыцауы Минӕвармӕ, нӕ уырнындзинады Алчер Йесомӕ.


Сауджынты — Левийы байзӕддӕгты — лӕггад адӕмӕн лӕвӕрд уыдис Ӕгъдауы бындурыл. Ӕмӕ алцыдӕр уыдоны фӕрцы куы сӕнаипп уыдаид, уӕд ма ӕндӕр сауджын цӕмӕн хъуыд, Аароны хуызӕн нӕ, фӕлӕ Мелхиседекы хуызӕн Алчер у, зӕгъгӕ, Кӕй тыххӕй загъд у, ахӕм?


Нӕ ныхасы сӕр та мӕнӕ уый у: махӕн ис, Дунедарӕджы рахизфарс Чи ӕрбадтис уӕлӕрвты, ахӕм Алчер.


уӕд цас тыхджындӕр у, ӕнусон Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй — ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ лӕггад кӕндзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.


фӕлӕ ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг Уӕрыччы — Чырыстийы зынаргъ Тугӕй.


Чырысти тӕригъӕд никуы сарӕзта, ӕмӕ Йӕ дзыхӕй мӕнг ныхас никуы рацыди.


Уый ацыд уӕларвмӕ, бады Хуыцауы рахизфарс, Йӕ дӕлбар сты ӕппӕт уӕларвон зӕдтӕ, барадтӕ ӕмӕ тыхтӕ.


Уый у Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр.


Йесо тӕригъӕдтӕ ахӕссыны тыххӕй кӕй фӕзынд, уый сымах зонут. Йӕхӕдӕг та тӕригъӕдджын ницӕмӕй у.


Филадельфийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Сыгъдӕг ӕмӕ Ӕцӕг Чи у, Давиды дӕгъӕл Кӕмӕ ис, сӕхгӕнӕн ӕй куыд нӕ уа, афтӕ дуар Чи байгом кӕны ӕмӕ, байгом кӕнӕн ын куыд нӕ уа, афтӕ йӕ Чи сӕхгӕны, Уый:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan