12 Сауджынты лӕггад ӕндӕрӕй куы баивдӕуа, уӕд Ӕгъдау дӕр хъуамӕ ӕнӕмӕнг баивдӕуа.
Ӕз уыдонӕй иуӕй-иуты равзардзынӕн, цӕмӕй мын уыдон сауджынтӕ ӕмӕ левиттау лӕггад кӕной, — зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕмӕ ӕрымысдзынӕ дӕ митӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, дӕ хоты хистӕрӕй, кӕстӕрӕй дӕхимӕ куы ӕрбакӕнай ӕмӕ сӕ дӕуӕн чызджытӕн куы раттон, уӕд. Ӕцӕг, уый нӕ фыццаг фидыды фӕрцы нӕ уыдзӕн.
Сауджынты — Левийы байзӕддӕгты — лӕггад адӕмӕн лӕвӕрд уыдис Ӕгъдауы бындурыл. Ӕмӕ алцыдӕр уыдоны фӕрцы куы сӕнаипп уыдаид, уӕд ма ӕндӕр сауджын цӕмӕн хъуыд, Аароны хуызӕн нӕ, фӕлӕ Мелхиседекы хуызӕн Алчер у, зӕгъгӕ, Кӕй тыххӕй загъд у, ахӕм?
Ӕппӕт уыдӕттӕ Кӕй тыххӕй загъд сты, Уый, нӕ Бардарӕг, ӕндӕр хӕдзарвӕндагӕй у — уыцы хӕдзарвӕндагӕй нывондхӕссӕны цур ничи лӕггад кодта.
Уыцы нывӕндтӕ ӕрмӕстдӕр хӕрды, нозты ӕмӕ буар ссыгъдӕджы ӕгъдӕуттимӕ баст сты, буармӕ чи хауы, ахӕм домӕнтӕ; уыдон ӕххӕстгӕнинаг уыдысты, цалынмӕ хуыздӕр уагӕвӕрд нӕ фӕзынди, уӕдмӕ.