Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 7:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Сауджынты — Левийы байзӕддӕгты — лӕггад адӕмӕн лӕвӕрд уыдис Ӕгъдауы бындурыл. Ӕмӕ алцыдӕр уыдоны фӕрцы куы сӕнаипп уыдаид, уӕд ма ӕндӕр сауджын цӕмӕн хъуыд, Аароны хуызӕн нӕ, фӕлӕ Мелхиседекы хуызӕн Алчер у, зӕгъгӕ, Кӕй тыххӕй загъд у, ахӕм?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 7:11
17 Iomraidhean Croise  

Ӕз мӕхи нӕ тигъ кӕнын Хуыцауы хорзӕхыл. Уымӕн ӕмӕ, адӕймаджы кӕд Ӕгъдау раст кӕны, уӕд Чырысти дзӕгъӕлы амард.


Афтӕ мах дӕр: цалынмӕ сабитӕ уыдыстӕм, уӕдмӕ ацы дунейы ӕгъдӕутты цагъартӕ уыдыстӕм.


Ныр та, Хуыцауы куы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, Хуыцау уӕ куы базыдта, уӕд ногӕй цӕмӕн здӕхут дунейы уыцы ӕдых ӕмӕ ницӕйаг ӕгъдӕуттӕм? Цӕмӕн уӕ фӕнды, ӕмӕ уыдонӕн ногӕй цагъартӕ уат?


Хуыцау Ӕй Йӕхӕдӕг схуыдта Мелхиседекы хуызӕн алчер.


Ӕндӕр ран дӕр ма куыд загъд у, афтӕ: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».


Мелхиседекы хуызӕн Алчер мыггагмӕ Чи сси, уыцы Йесо нӕ сӕраппонд фӕндагамонӕгӕй кӕдӕм бацыди, уырдӕм.


Уымӕн ӕмӕ, Мелхиседек Авраамы размӕ куы рацыд, уӕд Левий кӕд гуырд нӕма уыд, уӕддӕр ныридӕгӕн йӕ фыдӕлы туджы уыд.


Сауджынты лӕггад ӕндӕрӕй куы баивдӕуа, уӕд Ӕгъдау дӕр хъуамӕ ӕнӕмӕнг баивдӕуа.


Ӕппӕт уыдӕттӕ Кӕй тыххӕй загъд сты, Уый, нӕ Бардарӕг, ӕндӕр хӕдзарвӕндагӕй у — уыцы хӕдзарвӕндагӕй нывондхӕссӕны цур ничи лӕггад кодта.


Фӕлӕ ивддзинад ноджы фӕбӕлвырддӕр, Мелхиседекы хуызӕн ӕндӕр Алчер куы ӕрцыд, уӕд.


Иннӕтӕ ӕнӕ сомыйӕ систы алчертӕ, Уый та — Хуыцауы сомыимӕ: «Расомы кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ уынаффӕ нӕ аивдзӕн: Ды Алчер дӕ мыггагмӕ».


Уымӕн ӕмӕ, фыццаг фидыд куы ницы хъуаг уыдаид, уӕд дыккаджы сӕр нӕ бахъуыдаид.


Ӕппӕт дӕр сарӕзтӕуыд афтӕ, ӕмӕ фыццаг уатмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ кӕддӕриддӕр цыдысты сауджынтӕ;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan